Мамука Бахтадзе- Ныр алчи разы сты уыйимæ, цæмæй Сау Денджызы регионы æдасдзинад куы ма æрфидар уа, уæд Европæйæн æдасдзинад гарантиргонд нæ уыдзæн
Ныр алчи разы сты уыйимæ, цæмæй Сау Денджызы регионы æдасдзинад куы ма æрфидар уа, уæд Европæйæн æдасдзинад гарантиргонд нæ уыдзæн æмæ уый у тынг фидар сигнал – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Мюнхены æдасдзинады конференцимæ визиты схатдзæг кæныны рæстæджы райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон æхсæнадæмон партнертæй райста нысаниуæгджын фарсхæцыны фæдыл ныфсæвæрдтæ, Евроцæдис æмæ НАТО-мæ интеграцийы тыххæй.
«СауДенджызæн Гуырдзыстоны ис нысаниуæгджын роль, кæцы уый нысан кæны,цæмæй нæ хæлæрттæ ноджы нын фылдæр баххуыс кæндзысты цæмæй растдæр Гуырдзыстоны фæтыхджындæр кæнæм æдасдзинады системæтæ, нæ хайбавæрд скæнæм уым, цææмй Сау Денджыз уа хуыздæр хъахъхъæд, æдас æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр – Евроцæдис æмæ НАТО-йы уæнг бæстæт. Байхъуыстам цалдæр эксперты хъуыдымæ, ома Уæрæсейы агресси Гуырдзыстон æмæ Украинæйы æрдæм у рискъы хæссæг æрмæстдæр скæсæн Европæйæн, кæцы раст нæу.
Ай у быцæусидт æппæт сæрибар дунейæн, НАТО-ы æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæтæн. Ис нын æххæст æнцойад нæ æхæсæндаæмон тырнынадты, цæмæй Гуырдзыстон æнæмæнгæй суа НАТО-ы æмæ Евроцæдисы уæнг. Гуырдзыстон ацы аз Мюнхены æдасдзинады конференцийыл, прецуедент кæмæн нæй ахæм бæрзонд æмвæзадыл уыд бавдыст æмæ уæгъдибарæй зæгхæн ис, цæмæй ай уыд сеппæтæй æнтыстджын конференци Гуырдзыстонæн, нæ делегацийæн» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.