Мамука Бахтадзе - лæууæм  венесуэлайаг адæмы  фарсмæ, кæцытæ ныфсджынæй хæцынц  демократи æмæ сæрибардзинады тыххæй
Мамука Бахтадзе - лæууæм венесуэлайаг адæмы фарсмæ, кæцытæ ныфсджынæй хæцынц демократи æмæ сæрибардзинады тыххæй

Венесуэлайы  цæугæ фæзындты  кой кæны  Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе.

«Мах лæууæм  венесуэлайаг адæмы  фарсмæ, кæцытæ ныфсджынæй  хæцынц  демократи æмæ сæрибардзинады тыххæй», – фыссы Мамука Бахтадзе социалон хызаг «Твиттеры».

Венесуэлайы  рæстæгмæ президент  Хуан Гуаидо , Николас Мадуройы ныхмæ  тохы финалон фазæмæ ахизыны  фæдыл райхъусын кодта æмæ  æфсадмæ æрсидтис фарсхæцынмæ.

Хуан Гуаидойы  фидиуæны фæстæ,  сæйраг сахары райдыдтой массон рацыдтæ.  Фæрсты æхсæн быцæудзинæдтæ ацы  афонмæ дарддæр кæнынц.  Ныгуылæйнаг медийы хъусинагæй,  быцæудзинады фæстиуæгæн ис  зиангондтæ дæр.

Хуан Гуаидойы легитимондзинад æхсæнадæмон дзыллæйы фылдæр хай банымадта, сæ нымæцы Гуырдзыстон дæр.