Мамука Бахтадзе – Хъыгагæн   Абхазы æмæ  Цхинвалы  регионтæ фактонæй анексиргонд сты æмæ Германийы æххуыс сæрмагондæй нысаниуæгджын у
Мамука Бахтадзе – Хъыгагæн Абхазы æмæ Цхинвалы регионтæ фактонæй анексиргонд сты æмæ Германийы æххуыс сæрмагондæй нысаниуæгджын у

Абон сæрмагондæй нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны иузæрдыг  æмцæдисоны- Германийы  æххуыс, Уæрæсейы  дарддæр кæны  Гуырдзыстоны территориты  20  проценты оккупаци –  фæнысангонд фидиуæн Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  Германийы канцлеримæ, Ангела Мерокелимæ  фембæлды фæстæ  иуæмæйаг пресс-конференцийыл  райхъусын кодта.

Уый  куыд банысан  кодта  афтæмæй,   Германийы   канцлеримæ фембæлдыл , фæныхас  кодтой  Гуырдзыстоны  уæвæг уавæры  æмæ  конфликты  сабырадон фæндагæй   аскуыддзагы  фарстатыл.

«Канцлер Ангела Меркелимæ  фæныхас кодтам  Гуырдзыстоны  уæвæг  уавæрыл  æмæ  конфликты  сабырадонæй  аскуыддзагы  перспективæтыл.  Абон сæрмагондæй  нысаниуæгджын у  Гуырдзыстоны  иузæрдыг æмцæдисоны – Германийы   æххуыс.  Уæрæсе не ххæст кæны 2008  азы  12  августы  æхсты фæурæды фæдыл  бадзырдæй  йæхимæ   цы  хæстæ райста  уыдон æмæ дарддæр кæны   Гуырдзыстоны территориты  20 проуенты оккупаций.  Абон хъыгагæн  Абхазы æмæ  Цхинвалы  регионтæ  фактонæй  анексиргонд сты,  кæцы  ноджы   фыддæрддæр кæнынц  бынатыл уæвæг  æдасдзинады,   гуманитарон  æмæ адæймаджы барты  æрдгæй  уæвæг  вазыгджын уавæр» – банысан кодта  премьер, Ангела  Меркелимæ  иумæйаг пресс-конференцийыл

Уый  Германийы  канцлермæ  баздæхт, ома ацы  расидтыл  Гуырдзыстоны дзуапп зæгъгæ  у  æрмæстдæр сабырад  æмæ Европаг демократийы  арæзт.

«Цытджын канцлер æмæ зынаргъ лымæнтæ,  ацы риссаг  расидтыл нæ дзуапп  у æрмстдæр сабырад, размæцыд  æмæ  Европаг  демократийы  арæзтад, уым цы ран  алы адæймагы кæнæ дзыллæйы  кæцыфæнды къорды  интерестæ уыдзысты хъахъхъæд, цы ран алы  æмбæстагмæ уыдзæн фадат сæрмагонд  фæрæзты æмæ курдиаты  аккаг реализаци скæнын»- райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдызстоны сабырадон политикæ бæлвырд кæны  конструктивон  æмæ фæстиуæгыл ориентацигонд  бастдзинад Женевæйы æхсæнаæдмон бадзырдты,   афтæдæр Гуырдзыстоны  æрдгæй  арызт  æмбæлон  архайадон  къахдзæфтæ  оккупацион хаххытæй дих  цæрджыты æхсæн  æууæнк сæндидзын кæныны нысанæй.

«Не рдыгæй бирæ архайадон къахдзæф æрцыд  арызт кæцыты  нысан уыд  бафидауын æмæ æууæнк сæндидзын кæнын  оккупацион хаххæй дих  цæрджыты  æхсæн.

Партнер бæстæты æххуысæй цух, цæй  зæгъын æй хъæуы  нæ  тыхархайдтæ нæ уыдзæн  эффективон. Ацы æрдгæй  Германи  сæрмагонд роль æххæст кæны, æмæ уырнæг дæн,  уый фидæны дæр  афтæ адарддæр уыдзæн» – райхъусын кодта  премьер-сминистр  Германийы  канцлеримæ иумæйаг  пресс-конференцийыл.