Мамука Бахтадзе - Кæцыфæнды нæ уазæгæн  фыццаг  бакастæй бæрæг у  гуырдзиаг культурæйы идентондзинад Европаг культурæимæ
Мамука Бахтадзе - Кæцыфæнды нæ уазæгæн фыццаг бакастæй бæрæг у гуырдзиаг культурæйы идентондзинад Европаг культурæимæ

Гуырдзыстон у бæстæ, цы ран  кæцыфæнды адæймагæн   йæ бон у,  æххæстæй рахата  историйы дæргъвæтиндзинад,  нысаниуæг æмæ  уникалон культурæ –   уый фæдыл  Гуырдзыстоны преьер-министр мамука Бахтадзе,  проект «Гуырдзыстон, Европæ»-ы  байгомы церемонийыл дзырдæй  ралæуды  рæстæджы   загъта.

Мамука Бахтадзейы  дзырдæй,  бынтон сæрмагонд у  Гуырдзыстоны географи,  уымæн æмæ Европæ  æмæ Азийы тигъыл  Гуырдзыстон  æнусты дæргъы   хиды роль æххæст кодта.

«Гуырдзыстон сæрыстыр у  йæ  культурæйæ,   рагон традицитæй. Гуырдзыстон у  растдæр уыцы  бæстæ,  цы ран  кæцыфæнды адæймагæн   йæ бон у,   æххæстæй рахата  историйы дæргъвæтиндзинад,  нысаниуæг æмæ  уникалон культурæ.  Нæ бæстæ  мингай  азты арфæй у,  æмæ растдæр  уымæй  бæрæг у  йæ хицæндзинад.  Гуырдзиаг культурæ æнусты дæргъы æвзæрын кодта   бирæгъуызон истори,  кæцыйы  руаджы  æрфидар ис  хæдбындурдзинад æмæ  баахъаз кодта   Гуырдзыстоны культурæйы  хицæндзинады æнкъарæн. Бынтон хицæн у нæ геграфи дæр, Европæйы æмæ Азийы  тигъыл  Гуырдзыстон æнуцсты дæргъы æххæст кодта   хиды роль.  Кæцыфæнды нæ уазæгæн  фыццаг   бакастæй  цæстæйуынгæ  æмæ бæрæг у  гуырдзиаг культурæйы идентондзинад Европаг культурæимæ, уымæн æмæ  нæ  иумæйаг  æнцой сис  у  иуæмйаг  культурон  хæзнатæ  æмæ  нæ  раст ацы  хæзнаты  иумæйагдзинад  иу кæны.

Кæддæриддæр иу банысан кæнын, цæмæй  гуырдзиаг  адæмы  æвзæрст , суа  европаг  бинонты  æххæстаргъджын уæнг,  нæу  æрмæст политикъон æвзæрст, ай у  цивилизацион  æвзæрст  ацы  аххосы тыххæй.  Уырнæг дæн  ацы форумæй  райдайдзæн диалогы  серий, кæцы  бамбырд кæндлзæн   æндæр æмæ æндæр    европаг  культурæты æмæ   европаг  культурæты ацы   бирæгъуызондзинады  равдисдзæн гуырдзиаг  европаг культурæйы  роль.  Æз бахзæс кодтой культурæй æмæ  зонæдты  министрадæн,  ацы æрдæм активон  къахдзæфты аразын райдыдтаиккам, æмæ цæй  зæгъын æй хъæуы ацы   форум судзæн    традицион. Ацы  кампани  уыдзæн традицион. Мах стæм европаг  культурон тыгъдады  æнæдихаг хай, æмæ уый  тыххæй   хъæуы фылдæр ныхас кæнын.  Уырнæг дæн,  ай æппæт, форумы  æрфидары  иттæг нысаниуæгджын  роль сыххæст кæндзæн» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  2018 азы, Гуырдзыстон уыд Фарнкфурты  чиныджы  æрмукъæйы  цытджын уазæг, цы ран  æнтыстджынæй  равдыст æрцыд  Гуырдзыстоны  культурæ.