Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстоны бирæ æнтыст, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион   партнерады  æнтысты  комкоммæ фæстиуæг у
Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстоны бирæ æнтыст, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады æнтысты комкоммæ фæстиуæг у

Гуырдзыстоны бирæ æнтыст, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион   партнерады  æнтысты  комкоммæ фæстиуæг у – уый тыххæй  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе, АМерикæйы Иугонд Штатты  паддзахадон нымæрдар, Майк Помпеоимæ  фембæлды  фæстæ райхъусын кодта.

Мамука Бахтадзе, Майк Помпеойæн, Гуырдзыстнæн æнцой дарыны  тыххæй  раарфæ кодта.

«Цытджын  нымæрдар,  бузныг уын   хъарм  райсты  æмæ   Гуырдзыстонæн æнцой  дарын  кæй дарддæр кæнут уый тыххæй.  Тынг цин мын у  Вашингтонмæ æрыздæхын, сæрмагондæй  та  АИШ-Гуырдзыстон  стратегион партнерад банысан кæнынæн.

2008 азы Уæрæсе  æрбалæбурдта  æмæ  Гуырдзыстоны регионты – Абхаз æмæ Цхинвалы   оккупаци скодта.  Ацы  кризисы фæстæ,   Гуырдзыстон æмæ  АИШ-æ  сарызтой  платформæ Гуырдзыстоны фæстæмæ йæ къæхтыл слæууын кæныны тыххæй,  институтты  фæтыхджындæрæй,  демократийы  райтынг  кæнынæй,   закъоны сæйрагдзинад фæфидар кæнынæй, æфсæддон æмгуыстдаæй  æмæ   нæ  адæмты  æхсæн  контактты  ауæрæх кæнынæ.

Гуырдзыстоны  бирæ  æнтыст сты АИШ-Гуырдзыстоны  стратегион партнерады  æнтысты  комкоммæ фæстиуæг,  кæцыйы райдианæй   дæс  азы сæр  нысан кæнæмю Фæстаг дæс  азы  дæргъы, мах АИШ-имæ  райтынг кодтам  динамикон, æппæтылæххæссæг  æмгуыстад æмæ   президент Трампы  администрацийы  периоды,  нæ  бастдзинад  сеппæтæй  бæрзонддæр нысæнттæм æсхызтис»- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Гуырдзыстоны премьер-министр   ныхасы рæстæджы  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы   цалдæр  иумæйаг æнтыст  рахицæн кодта.

«Фыццаджыдæр  АИШ-ы æмæ  Гуырдызстоны æхсæн æдасдзинады  сферæйы  координаци  никуы  уыдис ахæм фидар.  Гуырдзыстон у  АИШ-ы  лоялон  партнер   глобалон аренæйыл.   Нæ хæлардзинад   бафæлвардта  рæстæг æмæ нæ  цæдистæ  фæтыхджындæр сты  хæцыны  рæстæджы.  Мах фæрсæй-фæрстæм  лоæууæм  æмцæдисонтимæ иумæ   Афгъанистаны, цы ран Гуырдзыстон  у   ставддæр контрибутор   НАТО-йы «ХЪæддых Фарсхæцыны» миссийы.

Цæттæ стæм,  адарддæр кæнæм  нæ нысаниуæгджын хайбавæрд  иумæйаг  евро-атлантикон  æдасдзинады. Гуырдзыстоны  НАТО-имæ æмбынатины руаджы æмæ  æмтгæйон мид продукты  дыууæпроцентон   хæдиргъæфыл   хардзæй,   алы  практикон  инструмент  ис  цæгат-атлантикон  альянсы  уæнгдзинадмæ бацæттæ кæнынæн» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Уый ма афтæдæр банысан кодта,  цæмæй  Гуырдзыстон  райгонд у  НАТО-мæ интеграцийы фæндагыл  АИШ-ы  æххуысæй.

«Хæдиргъæфы  æрдгæй  æмгуыстад баххуыс кодта Гуырдзыстоны  гарзджын тыхты  модернизаци  æмæ  уромæн  фæрæзты  сæвзæрын кæныны.   Аргъ  кæнæм   АИШ-ы   Гуырдзыстоны хæдиргъæфмæ  цæттæдзинады  программæйæн фарсхæцыны тыххæй  æмæ  АИШ-ы  Гуырдзыстоны  æндæр дыууæфарсон  активондзинæдты тыххæй,  кæцытæ  нысаниуæгджын сты  Гуырдзыстоны территорион  хæдиргъæфæн æмæ ныхмæ слæуды  фæрæзты  фæтыхджындæр кæнынæн.  Тынг аргъ кæнæм  АИШ-ы  хъæддых  æнцойæадæн  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæ мæ  суверенитеты  æрдæм.  Оккупацийы  æмæ Уæрæсейы æрдгæй   оокупацигонд территориты   уæззау гуманитарон   æмæ æдасдзинады  уавæры  дзуаппæн, мах стæм конфликты  сабырадонæй  кæрон скæныны   иузæрдыг.

Æппæтылæххæссæг  сабырадон политикæйы  æмæ АИШ-ы   æххуысæй, Гуырдызстон  æххæст кæны  сабырадон  инициативæ,  цахæм дæр у  «Къахдзæф хуыздæр Фидæны æрдæм», кæцы    оккупацигонд регионты  цæрджыты  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтимæ  бафидауын  дары  йæ  хъуыдыйы.   Гуырдзыстон  æмхъæлæсонæй   сбæлвырд кодта, тыхæй æнæспайдайæн  фарсхæцын.  Сидæм Уæрæсемæ сæххæст кæна 2008  азы августы  æхсты фæурæды  бадзырдæй  цы  хæстæ райстæ  йæхимæ уыдон.