Мамука Бахтадзе -  Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагæн Дидгорийы тох  дарддæр кæны
Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагæн Дидгорийы тох дарддæр кæны

Дидгорийы быдыр у  гуырдзиæгты иудзинады, сæруæлдайдзинады æмæ  патриотизмы дæнц – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе,  райхъусын кодта Дидгорийы.

Премьер-министр  цæрджытæн Дидгоробайы бæрæгбон раарфæ кодта.

«Алкæмæн уын арфæ  кæнын   националон бæрæгбон.  Мах цы ран стæм   ацы  бынат  у  гуырдзиæгты æфсæддон  сæруæлдайдзинады,  нæ  иудзинады æмæ нæ  сæрибардзинады  символ. Æнусты  размæ  ам гуырдзиæгты æфсад   басаста  тынг  хъомысджын æмæ бирæнымæцон  æзнагы, кæцы историмæ хаст æрцыд,  куыд «Диссаджы  уæлахиз». Дидгорийы быдыр  у гуырдзиæгты иудзинады, сæруæлдайдзинады æмæ  патриотизмы дæнц. Æз  куыд  хуымæтæг гуырдзиаг æмæ  сымахæй алчи  кæддæриддæр рахатæм  сæрмагонд бастдзинад ацы   бдыримæ.  Иуы æрдгæй   Дидгорийы  уæлахиздзинад у,   патриотизмы  егъауравдыст  æмæ иннæ æрдгæй,   уыд раст  æмæ эффективон  стратегийы  реализаци, кæцы   æнусты фæстæ дæр  цæвиттойнаг у.   Гуырдзыстоны  Патриарх цасдæр рæстæг размæ   загъта,  цæмæй  зæгъгæ Гуырдзыстоны  алкæцы æмбæстагæн  Дидгорийы хæст дарддæр кæны, ай  зæгъгæ  у æнæфæуромгæ  тох æмæ нæ  бæстæйæн лæккад. Ацы   тох дарддæр кæны, уырнæг дæн раст  стратегийæ, æмуддзинады  стыр уарзондзинадæй,  æнæфæуромгæ  куыстæй  æмæ  æмуддзинады фæрцы  махæн  æнæмæнгæй уыдзæн  иууон æмæ æнтыстджын  паддзахад, ахæм европаг  æгъдауы  падздахад, кæцыйы  тыххæй  тох кодтой нæ   фыдæлтæ  æмæ Давит АГъмашенебели. Æппæт Гуырдзыстонæн мæ  фæнды раарфæ кæнын  ацы националон бæрæгбон,  ракувон уын  сабырдзинад æмæ  нæ  фыдыбæстæйы  фидардзинад» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.