Мамука Бахтадзе – Гуырдзиаг  æвзаджы бахъахъæнын  нæ диаспорæйы мидæг  сегасæй  стырдæр хъуыддаг  у  æмæ ацы  фарста 2019 азы  бирæ бæрзонддæр  приоритетæй  уыдзæн бавдыст
Мамука Бахтадзе – Гуырдзиаг æвзаджы бахъахъæнын нæ диаспорæйы мидæг сегасæй стырдæр хъуыддаг у æмæ ацы фарста 2019 азы бирæ бæрзонддæр приоритетæй уыдзæн бавдыст

Фæсарæнты  æз дæр фæцардтæн æмæ  дæ бæстæйæ   дард  куы  цæрыс, уæд сæрмагондæй  эмоционæй  æмбарыс   дæ  бæстæйы  æнтыст æмæ   зынрæстæг дæр,  мæ  хъуыдымæ гæсгæ   алы  гуырдзиагы иу  кæны  ахæм эмоци –  ацы ныхæстæй   баздæхт  Гуырдзыстоны премьер-министр   Мамука Бахтадзе  гуырдзиаг  диаспорон организацийы   минæвæрттæм,  кæцытæн  абон   Вашингтоны  Гуырдзыстоны минæварады   сфысым кодта.

Мамука Бахтадзе  бахахх кодта  диаспорæимæ  ахастыты   приоритетондзинад  æмæ   банысан кодта,  цæмæй алы  гуырдзиаг  зæгъгæ  у  нæ фыдыбæстæйы актив.

«Сымах аразут патриотон хъуыддаг æмæ уын тынг цыт кæнын.   Гуырдзиаг   æвзаджы  бахъаххъæд  нæ  диаспорæйы  сегасæй  егъау дæр  хъуыддаг у  æмæ   ацы  фарста  2019  азы   бирæ   бæрзонддæр приоритетæй уыдзæн бавдыст.   Ахуырады реформæйы   сæйраг пункт у растдæр   гуырдзиаг æвзаджы  популяризаци æмæ  бахъахъхъæд  нæ  диаспорæйы.   Ацы æрдгæй,   иттæг нысаниуæгджын  ресурс  ныридæгæн  æврæд æрцыд   фидæн азы  бюджеты проекты.  Фæнды мæ  спайда кæнон   цауæй,   æмæ   уын алкæмæн,  чидæриддæр ацы   егъау  хъуыддаг  æххæст кæны  стыр  бузныг зæгъон», –  баздæхтис  премьер диаспорæйы  минæвæрттæм.

Мамука Бахтадзе   сæрмагондæй  бахахх кодта  гуырдзиаг æфсæддæтты   куыст  æмæ банысан кодта,   цæмæй Вашингтоны  уагъд фембæлдтыл сæ   сæрмагонд ролы кой  зæгъгæ  кæны  алчи.

Хицауады  сæргълæууæг  диаспорон  организациты минæвæрттæн раарфæ  кодта  фыдыбæстæйы   фарсмæ  лæуды  тыххæй  æмæ  уый тыххæй  цæмæй,    Гуырдзыстон, Америкæйы Иугонд Штатты тынг бæрзонд æмвазæдыл  уа бавдыст.