Мамука Бахтадзе - Дыккаг тур дæр алы стандарттæм æмбæлгæйæ ацæудзæн,  кæцы рæстæджы дæр ноджы  иу хатт сбæлвырд уыдзæн, Гуырдзыстоны демократий кæй  æрфидар ис  уый
Мамука Бахтадзе - Дыккаг тур дæр алы стандарттæм æмбæлгæйæ ацæудзæн, кæцы рæстæджы дæр ноджы иу хатт сбæлвырд уыдзæн, Гуырдзыстоны демократий кæй æрфидар ис уый

Дыккаг тур ацæудзæн алы  стандартмæ æмбæлонæй,   кæцы рæстæджы дæр ноджы иу хатт сæблвырд уыдзæн– ахæм фидиуæнæй  баздæхт Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе  журналисттæм, Батумы  Илья Чъачъавадзейы  номыл   профессион паддзахадон   драмон театры  байгомы фæстæ.

Мамука Бахтадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,    тынг хъыгаг у зæгъгæ, цæмæй  æвзæрстыты агъоммæ   кампани  Европаг  стилæй  нæ уыд.

Премьер-министр æвзæрстджытæм æрсидтис 28 ноябры  активондзинад равдисынмæ.

«2012  азæй, «Гуырдзиаг Бæллицц»  хицауадмæ куы  æрбацыд  уый фæстæ,  алы æвзæрстытæ   ацыдысты стандарттæм æмбæлгæйæ.  Уый æвдыст æрцыд   алы  æхсæнадæмон   организацийы  æмбæлон аргълæвæрды.  Растдæр уый  у нæ сæйраг æнтыст  уыцы фæндагыл,  кæцы хуыйны  Гуырдзыстоны  европаг интеграци.  Дыккаг тур дæр алы стандарттæм æмбæлгæйæ ацæудзæн,  кæцы рæстæджы дæр ноджы  иу хатт сбæлвырд уыдзæн, Гуырдзыстоны демократий  кæй  æрфидар ис  уый.

28 ноябры æппæт Гуырдзыстон  сараздзæн  æрмагонд æвзæрст æмæ  гуырдзыстойнаг адæм уыдзæн иунæг,  чидæриддæр  рахæсдзæн уынаффæ, цæмæй  чи суыдзæн Гуырдзыстоны президент.  Фæнды мæ  алкæмæн фехъусын кæнын,  цæмæй максималонæй  активон уæнт æвзæрстытыл» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.