Мамука Бахтадзе – Дональд Трампы æрдгæй националон хъахъхъæнынады авторизацийы актыл къух бафыстæй, АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстонæн хъæддых фарсхæцынад ноджы иу хатт сбæлвырд ис
Мамука Бахтадзе – Дональд Трампы æрдгæй националон хъахъхъæнынады  авторизацийы актыл къух бафыстæй, АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстонæн  хъæддых  фарсхæцынад ноджы иу хатт сбæлвырд ис

АИШ-ы  президент, Дональд Трамп, АИШ-ы  националон хъахъхъæнынады  авторизацийы  актыл  къух кæй рафыста  уымæй,   АИШ-ы  æрдгæй  Гуырдзыстонæн  хъæддых   æнцой дарынад ноджы иу хатт сбæлвырд ис  закъондæттæн  æмæ   æххæстгæнæг  æмвæзадыл, –  уый фæдыл  премьер-министр  Мамука Бахтадзе  хицауады  рабадты райдаыны  размæ,  брифингыл райхъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   цалдæр боны размæ Гуырдзыстон,   стратегион партнеры æрдгæй  ноджы  иу  прецедент кæмæн  нæй  ахæм  фарсхæцынад райста.

Премьер куыд банысан кодта,  афтæмæй,  зæрдылбадаринаг  у  уый æмæ Гуырдзыстонимæ баст фарстатæ,  куыд дыууæфарсон,  афтæ регионон  контексты дырысæй-дырысдæр   бавдыст сты  АИШ-ы  политикон  боны фæткъы.

«2019  азы  АИШ-ы  хъахъхъæннады  авторизацийы   акт уымæй  хицæн кæны, æмæ йæ  мидæг  фиксиргонд у  сегасæй нысаниугджын  ныффыстытæ  Гуырдызстоны  националон интересты æмæ   æдасдзинады,  афтæдæр  регоналон æдасдзинадæн æнцой дарынады  цæстæнгасæй дæр.  Сæрмагондæй  нысаниуæгджын  у,  цæмæй  закъондæттæн  æмвæзыл  ноджы иухатт  фиксир кæна  НАТО-ы  гом дуары  политикæйы, уый  нымæцы, Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнг суæвыны идеяйæн æххæст фарсхæцын», –  райхъусын кодта  премьер.

Уыйбанысангонд  фарсхæцыны  тыххæй,   Гуырдзыстоны стратегион   партнерæн  бузныг  ноджы иу  хатт загъта.

Премьеры аргълæвæрдæй,   ай  у ноджы  иу  ирд бæлвырдгæнæн,  ома  Гуырдзыстон  æмæ   АИШ-ы  æхсæн ахастытæ, æцæгдæр стратегион равг  хæссынц.

Дональд Трамп  цалдæр боны размæ,  АИШ-ы  националон  хъахъхъæнынады  авторизацийы  акт (FY19NDAA) бафыста. Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,   фæнысанкæнинаг у  уый æмæ,   акты ныффыстмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстон  Европæйы æдадсзинады  контексты, Сау Денджызы  æмæ Балтийы  бæстæтимæ иумæ, нымалмæ ист цæуы  куыд  АИШ-ы  æмцæдисон  æмæ   партнер.