Мамука Бахтадзе - Августы хæстæй 10 азы сæрыл, фæстæмæ дарддæр кæны Абхаз æмæ Цхинвалы регионы оккупаци æмæ æнæзакъонон архæйдтытæ сæ фактон анексийы æрдæм
Мамука Бахтадзе - Августы  хæстæй 10 азы сæрыл, фæстæмæ дарддæр кæны Абхаз æмæ Цхинвалы регионы   оккупаци  æмæ  æнæзакъонон архæйдтытæ сæ фактон анексийы  æрдæм

Августы   хæстæй 10 азы сæрыл, фæстæмæ  дарддæр кæны  Абхаз   æмæ Цхинвалы   регионы   оккупаци  æмæ  æнæзакъонон архæйдтытæ  сæ  фактон   анексийы  æрдæм –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука  Бахтадзе  тымбыл фынгы   форматы  фембæлды – «Сабырад æмæ  Æдасдзинадæн – 2008 азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæстæй 10  азы фæстæ».

Афтæдæр  йæ ныхæстæм, раст 10 азы  размæ  гуырдзиаг адæм  ноджы  иу хатт бавзæрстой  Уæрæсейы æргом  æфсæддон агрессий.

Мамука Бахтадзе куыд  банысан кодта, афтæмæй,  2008 азы  7 августы  Уæрæсейы   у рæз æфсæддон интервенци æмæ фæстæдæр  Гуырдзыстоны  зæгъæн ис   алы   регионыл уæлдæфон   бырст   райста æххæстмасштабон  æфсæддон архæйдтыты  равг.

«Ай  уыдис хæст, кæцыйы  фæстиуæгæн оккупаци скодтой  Гуырдзыстоны дыууæ регионы,  этникон ссыгъдæджы  ноджы  иу уылæн æмæ   дæсгай мин   ног лигъдон. Агрессийы  фæстиуæгæн  скуынæг ис  дæсгай  гуырдзиаг хъæу.  Уæрæсейы  Федераци  оккупаци скодта Гуырдзыстоны  дæлкантрол    5  комы  æмæ  100-йæ  фылдæр   хъæуы.  Августы хæст ахаста  дæсгай  адæймаджы  цард, уый  нымæцы,  са бар  цæрджыты.

Августы хæсты 10 азы  сæрыл,    нырмадæр дарддæр кæны  Абхазы æмæ  Цхинвалы регионты  оккупаци  æмæ  æнæзакъонон архæйдтытæ  сæ  фактон   анексийы  æрдæм. Æнæкæсгæ Гуырдзыстоны æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы    алы   сабырадон тыхархайдтæм,  хæсты фæстæ период  –  ай у  телтæй æмбондты,   сабыр цæрджыты тасы уадзыны,  изоляцийы,   хъомысдарыны, этникон дискриминацийы  æмæ æнæзакъонон ахстыты  10  аз.   Æппæт ацы  периоды дæргъы, конфликтæй зианбавзарæг  бынæттон цæрджытæ,   дарддæр кæнынц  сæ цард  иттæг  уæззау  уавæрты  æмæ арæх  та  сæ царды рискъы  бын», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   оккупаци  æмæ æнæзакъонондзинад уыцы рæтты,  хъыгагæн ахасьто  сабыр цæрджыты  цард.

«Оккупацион режимты æрдгæй,  сабыр цæрджыты  –  Арчил Татунашвили,  Гига Отхозориа æмæ Давит Башарулийы цардмæ  хъавдæй ноджы  иу хатт бæрæг у, цæмæй  мах  æгæр дард стæм   конфликты аскуыддзагæй.

Уымæй  уæлдай ма,   сæдæгай  мин    тыхыбын бынативгæ   уæнгтæ, 25 азæй фылдæр рæстæг у,   нæй сæм  фадат  сæ хæдзæрттæм æрыздæхын.   Лыгъды  рахъомыл сты фæлтæртæ, кæцытæ нæ сафынц  ныфс  сæ хæдзармæ æрыздæхын  æмæ   сабыр æмцард кæнын  абхазæгтимæ æмæ ирæттимæ.

Ивгъуыд азты  уæз æмæ сидтытæ нын бамбарын кодтой,  цæмæй   нырыккон  уавæр  нæу  уыцы идеалон ситуаци,  кæцымæ дæр  тырнæм,  абхазæгтæ, ирæттæ  æмæ гуырдзиæгтæ.  Растдæр  уый  тыххæй дæр нæ алкæцы –  абхазæгтæ, ирæттæ æмæ   гуырдзиæгтæ  иумæ  хъуамæ рацагурæм  уый хъомыс æмæ  фæндон, цæмæй  æнæбарвæндæй нæ  цы провокацимæ бафтыдтой,  уырдгæй  рацæуæн  ссарæм,  æрфидар кæнæм сабырад, кæцы æнцойæвæрд уыдзæн   нæ иумæйаг инетерстыл», – загъта Мамука Бахтадзе.

Премьер куыд  банысан кодта афтæмæй,  10 азы дæргъы  æрвылбонон  провокациты фоныл, Гуырдзыстон бахъом ис æмæ  сбæлвырд  кодта,  цæмæй  у европæйаг,   демокративон  паддзахад æмæ   бирæ æнтыстытæм баххæссын хъом у æнæкæсгæ  бæстæйы  20% оккупацимæ.