Мамука Бахтадзе – «Аккаг Партнеры» хайадисджытæн фысым кæны бæстæ, кæцыйы территориты хай оккупацигонд у, фæлæ нæ дзуапп у - Сабырдзинад æмæ Стабилон бæстæ арæзтад
Мамука Бахтадзе – «Аккаг Партнеры» хайадисджытæн фысым  кæны  бæстæ, кæцыйы территориты хай оккупацигонд у, фæлæ нæ дзуапп  у  -  Сабырдзинад æмæ Стабилон бæстæ арæзтад

Гуырдзиæгтæ æцæгæйдæр сæрыстæр хъуамæ уæм   уымæй, æмæ  нæ æфсæддæтты  иузæрдыг  куысты,  хинывонды æмæ   æхсæнадæмон æдасдзинады  фæфидары хъуыддагмæ хайбавæрды  тыххæй,   абон нæ  бæстæйы  аккаг партнерыл нымайынц æмæ  ацы æхсæнадæмон ахуыр дæр,  раст ацы  статус  хæссы – ацы ныхæстæй   æрсидтис Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  ахуыр «Аккаг Партнер 2018»-ы  хайадисджытæм,   кæцы Гуырдзыстоны нырид цыппæрæм  хатт цæуы  уагъд.

Ахуырты  кæцы Вазианы  абон байгом ис,   хайад исынц  НАТО-йы  уæнг æмæ   партнер бæстæтæй  3004  æфсæддон  гæс.

Премьеры  фидиуæнæй,   ахуыр  «Аккаг Партнер»  æнæхъæн регионы   æдасдзинад, стабилондзинад æмæ сабырады фæфидар кæнынæн  у.

«Æнæиухатт  загъдæуыд  æмæ   абон дæр ацы  трибунæйæ  мæ  фæнды ноджы иу  хатт зæгъын –  ацы æхсæнадæмон  ахуыр, иунæг бæстæйы ныхмæ дæр  нæу,  уый  у æрмæстдæр   регионон  æдасдзинады, сабырады æмæ   стабилондзинад фæфидардæр кæнынæн, кæцы  уырнæг дæн,  алкæй интерестæм дæр æмбæлы.  Фæнды мæ банысан кæнын, ома  ахуырты  хайадисæг бæстæты  нымæц  æцæгæйдæр   егъау у, нырид 13  хайадисæг ис  æмæ сæ нымæцы сты  Гуырдзыстон,  АИШ, Стыр Британи, Германи, Эстони, Франц, Лиетувæ, Азербайджан, Сомихыстон, Польшæ, Норвеги, Турк æмæ  Украинæ.  Ахуыр  пайдаджын у  алы  хайадисæг бæстæйы  гарзджын тыхтæн,  хæдиргъæфхъомад  фæтыхджындæр кæныны æмæ  хæцынмæ  цæттæдзинады  сбæрзонддæр кæнынæн.  Афтæдæр нысаниуæгджын у уый æмæ ,  бындурæвæрд цæуы   кæрæдзийыл æууæнк æндæр æмæ æндæр бæстæты  æфсæддæтты æхсæн  æмæ  фидар кæны  æмрбарджын, кæрæдзийы фæтыхджындæр кæныныл ориентацигонд  æфсæддон-политикон  æмкуысткæнынадыл.  Цыдæриддæр та  Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæм æххæссы,   ацы  ахуыртæ  уыдзæн фылдæр профессионализмы, фылдæр  хъæддыхдзинады, хæцæн цæттæдзинады æмæ стратегион  æмæ æхсæнадæмон    партнертимæ  фылдæр  æмбынатиндзинад æрхæссæг,  нæ бæстæйæн та фылдæр сабырдзинад,  æдасдзинад   фылдæр стабилондзинад æмæ   æхсæнадæмон  дзыллæйы  бастдзинад æрхæсдзæн,»-  райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Хицауады  сæргълæууæгы  ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон  бæрзонд аргъ кæны  алы партнер  бæстæйы æххуысæн  æмæ  дзы  райгонд у АИШ-ы æмæ НАТО-йы  æндæр уæнг  æмæ хæлар  бæстæты  æрдгæй  дырыс  æххуысы  тыххæй,   кæцы банкъаринаг у фæстаг  азты мидæг æмæ   Гуырдзыстоны хæдбардзинад  сфидар кæныны  бонæй.

«Зонут æй,  историонæй, Гуырдзыстон  никуы  уыдис буцахуыр  йæ  территориыйл  хæлар паддзахады  æфсæдды  уæвынæй  æмæ ныр  бынтон ног историон реалондзинады  цæстæйфенæг стæм.  Æдæрсгæйæ мæ бон у  зæгъын, цæмæй  Гуырдзыстон æмæ  регион абон хуыздæр  хъахъхъæд сты.  Мæ зынаргъ  хæлæрттæ,  абон  уын фысым кæны бæстæ, кæцыйы территориты  стыр  хай хъыгагæн оккупацигонд у,  фæлæ нæ дзуапп  ацы оккупацийæн   æмæ ацы  уæззау сидтæн  у   – æрмæстдæр   Сабырад æмæ Стабилон бæстæ арæзтад,   цы ран сæйраг приоритет  сты  демокративон  хæзнатæ.  Фæнд мæ, ноджы иу хатт зæгъон бузныг  нæ  партнертæн алкæмæн,  сымахæн алкæмæн уыцы  иттæг нысаниуæгджын  æххуысы  тыххæй,  кæцыйыл сымах Гуырдзыстонæн æмæ нæ адæмæн  нæ ауæрдут. Æхсæнадæмон  ахуыр, «Аккаг Партнер 2018»  афтæдæр куыд   раззаг ахуыртæ  иууылдæр,   уырнæг дæн, уыдзæн фæстиугджын æмæ  позитивонæй  бандавдзæн  хайадисæг бæстæты  гарзджын тыхтæм, кæцытæ сæхи æрдгæй  ацы  ахуырты  рæстæджы райст зонындзинад  æмæ фæлтæрдтæ,  уыцы  хорзæн  спайда кæндзысты,   кæцы  хуыйны  дунейы  сабырдзинад фæфидардæр кæнын.  Хуыцауы  бæрны  уæнт Гуырдзыстон æмæ  нæ  хæлар алы бæстæ, æнтыстытæй уæ  куыд фæхайджын кæна – уыцы  амонд  уын раттæнт,» –  загъта  премьер-министр  ахуырты хайадисæг  æфсæддæттæн.