Мамука Бахтадзе – АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерад æмæ дыууæпартион æххуыс  сеппæтæй  бæрзонддæр  къæпхæныл лæууы
Мамука Бахтадзе – АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерад æмæ дыууæпартион æххуыс сеппæтæй бæрзонддæр къæпхæныл лæууы

Америка Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууыд  хæдбардзинады ногæй  рацарæзты бонæй цы  къахдзæфтæ æрцыд вæрд уыдоны рæстæджы æмæ абон, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион   партнерад, дыууæпартион æмкуысткæнынадимæ иумæ,  сеппæтæй  бæрзонддæр  къæпхæныл лæууы –  уый тыххæй  Гуырдызстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе, Вашингтоны, Гуырдзыстон-АИШ-ы  стратегион   партнерады  конференцийы  байгомы  рæстæджы   загъта.

Хицауады  сæргълæууæгы  аргълæвæрдæй, стратегион партнерады  10  азы  дæргъы,  дыууæфарсон  æмгуыстад   географионæй æмæ  экономиконæй   ауæрæхдæр ис.

«Гуырдзыстонæн уыдис  кад  сфысым кодтаит  АИШ-ы вице-президент  Майкл Пенсы  æмæ æдадсзинады фарстаты   АИШ-ы  президенты  уынаффæгæнæг  Джон Болтонæн.  Дыууæдæр  фæзынд  уыдис  иттæг нысаниуæгджын   АИШ-Гуырдзыстоны  стратегион  партнерады æмæ  дыууæфарсон   ахастыты  ног бæрзæндтæм  скæныны   æрдгæй.   Ацы æмæ æндæр   фембæлдтыл  хорз бамбæрстам, цы  хæсисты  сæххæстмæ  æнхъæлмæ кæсынц махæй нæ  партнертæ æмæ цас аргъджын у  нæ  хайбавæрд  иумæйаг  æдасдзинад æрфидары хъуыддаджы. Сегасæй ахсджиаг у  дæргъвæтин стратегион  æххуысы программæйæы- «Аккаг партнеры» фæлгæтты   уагъдт  ахуырты  æмæ кæрæдзиимæ æмбынатин æрфидар кæныны  æрдгæй,   кæцы  Гуырдзыстоны   æфсæддон тыхты  хайадæй  æмæ америкаг  æфсæддæтты  къухдариуæгæй  уагъд цæуынц  Гуырдзыстоны æмæ сæ  нысан у,  махæн баххуыс кæнын æмæ бирæгъуызон  ахуырты  руаджы,  Гуырдзыстоны, АИШ-ы æмæ  хайадисæг бæстæты  цæттæдзинад фæтыхджын кæнын.  Райгонддзинад æвдисæм  Конгрессы æмæ Урс Хæдзармæ мах  цы хъæуындзинад æййафæм уыдоны банымады тыххæй,   кæцы æвдыст æрцыд  нæ  сабырады  æмæ стабилондзинады  срæвдз кæныны  фарстатыл   фылдæр æмгуыстадæй» –  райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьер афтæдæр хъусдард  раздæхта  АИШ-ы  Конгресс цы  националон  хъахъъхæнынады  акт райста уый  æрдæмкæцы  йæ  фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ  америкаг хæлæрттæн раарфæ кодта.

« Кнгресс  акценттæ  сцырын кодта  Уæрæсейы æнæзакъонон, æфсæддон оккупацийы  фæстиуæгæн   Гуырдзыстоны  суверенитеты   састыл.  Ивгъуыд мæйы,  минæвæртты палатайы  æддæ  хуъыддæгты  комитеты, æмхъæлæсонæй  ист æрцыд  Гуырдзыстонæн фарсхæцæг  акт. Куыд æй зонут афтæмæй,   ацы дыууæпартион  æххуысы  закъондæттæн  инициативæйæн йæ нысан у  нæ  суверенитет бахъахъхъæнын кæцыфæнды агрессийæ, Уæрæсейы  авантюризмы  бафхæрын санкцитæй  æмæ æндæр нысаниуæгджын  мæцъистæй.  Гуырдзиаг адæм  АИШ-ы  хицауадæй райгонд у  нæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых  фарс хæцыны  тыххæй, Уæрæсейы   дæргъвæтин  агрессийы  уавæрты» – банысан кодта Мамука Бахтадзе.

Гуырдзыстон-АИШ-ы  стратегион партнерады  конференци, кæцыйы фысым у  АИШ-ы  сабырады институт, Гуырдзыстоны  минæварады æмæ  «Херитидж  Фонды»  æморганизацигондæй   цæуы æмæ уым  АИШ_ы   политикъон  æмæ   экспертон  зылдты   минæвæрттæ исынц  хайад.