Мамука Бахтадзе æрзонгæ ис Тбилисы  ахуырады  сахары  арæзтады процессимæ
Мамука Бахтадзе æрзонгæ ис Тбилисы ахуырады сахары арæзтады процессимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  Тбилисы  ахуырады  сахары  арæзтады процессимæ  æрзонгæ ис.  Стыр Дигъомийы территорийыл цæугæ куыстыты уый  абæрæг кодта ахуырады, зонæдты, културæ æмæ  спорты министр Михеил Батъиашвилиимæ иумæ.

Мамука Бахтадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,  Тбилисы   ахуырады  ног сахары  арæзтад фæззæджы  фæуыдзæн.

Хицауады сæргълæууæг байхъуыста  ахуырады сахары арæзтады процессы фæдыл информацимæ, æмæ  банысан кодта, цæмæй   ахæм проекттæ   Гуырдзыстоны  алы ставд   сахары  сæххæст уыдзысты.

«Зæрдæвæрæны  райхъусын кодтам  Диди Дигъомийы  территорийыл  ахуырады  сахары  арæзтады  тыххæй.  Ай  у  13 гектар  территори, кæцыйыл арæзт æрцæудзæн   астæуккаг скъола  1 500  сывæллоныл.  Афтæдæр ам уыдзæн  Комаровы  скъола, физикæйы, химийы, биологийы  сеппæтæй  нырыккон  лабораторитæ. Афтæдæр  нæм уыдзæн   ног профессион  ахуыргæнæндон  æмæ  аивады скъола.  Ахæм проекттæ  сæххæст кæндзыстæм Батумы æмæ сараздзыстæм  Гуырдызстоны алы  ставд  сахары.  Махæн  цæрынæн нысаниуæгджын у, алкуырандæр нæм рæувадат уа  нырыккон  инфраструктурæ, нæ  сывæллæтты фидæны  кой  куы  кæнæм  уæд», –   райхъусын  кодта премьер-министр.

Ахурады  сахар  нырыккон  стандартты иумæйаг русхадон  скъолаимæ  иумæ æхъуыдыйы  дары æрдззонадон  лабораторитæ, технопаркътæ, кæцыйы  «Старт-ап»  фæлтæрдтæ ахуыргæнинæгтæ  чысыл карæй   райсдзысты, библиотекæ,  конференцион залтæ, мидæг рекреацион   тыгъдад, спортивон  залтæ æмæ  æддæ  стадионтæ.

Ахуырады  сахары  проекты аргъ  20 милуан ларийы онг у.   Арæзтады  процессы  экологионæй сыгъдæг,   биологион  арæзтадон æрмæджытæй пайда кæндзысты. Нырыккон  стандарттæм æмбæлон  ахуырадон  уагдæттæ   адаптацигонд уыдзысты  специалон  ахуырæн хъæугæ  домæнтæ  кæмæн ис, уыцы  ахуыргæнинæгтæн.