Мамука Бахтадзе - æнæмæнгæй  фæтых уыдзыстæм уырыссаг оккупацийыл æмæ Гуырдзыстон уыдзæн  иууон, фидар æмæ æнтыстджын
Мамука Бахтадзе - æнæмæнгæй фæтых уыдзыстæм уырыссаг оккупацийыл æмæ Гуырдзыстон уыдзæн иууон, фидар æмæ æнтыстджын

Мах æнæмæнгæй фæтых уыдзыстæм уырыссаг оккупацийыл, Гуырдзыстон  суыдзæн иууон, фидар æмæ  æнтыстджын, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе  Мухатгвердийы  æфсымæрон ингæныл  райхъусын  кодта.

Бахтадзе  куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ, Гуырдзыстоны оккупаци у уыцы рыст, кæцы алкæй дæр хъуамæ иу кæнид, æнæкæсгæ  уымæ,  цы  хъауджыдæргонд  политикъон  ахаст ис.

«Ай у  иумæйаг рыст,  быцæусидт æмæ уырнæг дæн, Гуырдзыстон фæтых уыдзæн оккупацийыл. АБоны бон  у  стыр рыст  æнæхосгæнгæ хъæдгом. Мæ сæр гуыбыр кæнын  нæ  хъайтарты нæмтты раз. Абоны бон  у  уыйы символ,  цæмæй  нæ нацийы  консолидаци,  æнæруромгæ тох,  нысæнттæм æрцæуын  план куыд у,  нæ  æхсæнадæмон партнертимæ иумæ,  уыдзæн уый  гарантий, цæмæй  æнæмæнгæй  фæтых уыдзыстæм уырыссаг оккупацийыл æмæ Гуырдзыстон уыдзæн  иууон, фидар æмæ æнтыстджын»,- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.