Мамука Бахтадзе – æнæбæрнон  æмæ  деструкцуион тыхы архæйдтытæ ницы критикæйæн фæразынц
Мамука Бахтадзе – æнæбæрнон æмæ деструкцуион тыхы архæйдтытæ ницы критикæйæн фæразынц

Æнæбæрнон æмæ деструктивон тых цы митæ ракодта  уыцы  архæйдтытæ ницы  критикæйæн сфæраздзысты –  ахæм дзуапп дæтты  Гуырдызстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  «Фейсбук Лайвы»  Велисцихейы  цур  знон айтынгггонд  фæзындтæн  æмæ   цы  профессионализм  æмæ  быхсæн равдыстой  барадхъахъхæнджытæ, уый тыххæй  сын бузныг  дзуры.

Хицауады сæргълæууæг профессион  хæстæ бæрзонд æмвæзадыл  сæххæсты  тыххæй  афтæдæр  бузныг расидтис  медийы  минæвæрдтæн.

«Кæцыфæнды  бæстæ хъал уыдаит   ахæм полицийæ.  Афтæдæр сæрмагонд бузныг  медийы минæвæрттæн,  кæцытæ  хъыгдардмæ æнæкæсгæйæ   бахъом сты  зноны боны  объективонæй  срухс кæнын.  «Националон Змæлд»  йæ традицитæ нæ рох кæны  æмæ  дарддæр кæны тыхмидзинад  æмæ  дзыллæйы ахæм  ахастмæ бафтауын, цæвиттон   æхсæнадæон  царды  мидæг ис   проблемæтæ.  Уый иллюзи  макæмæ уæт,  иунæг тых æмæ иунæг ахæм архайд дæр  æхсæнадон цардмæ диссонанс нæ бахæсдзæню  Камерæтыл фиксиргонд уыдис   тынг бирæ  барадсаст. Оппозицийы  бирæ минæвар   закъоны фæлгæтæй  рахызтысты  æмæ   æххæст бæрнæй   дзурын,   тыхмидзинады кæй  фæфиппайдзыстæм, кæцыфæнды уæнгы, уыдис уый полициæгты ныхмæ кæнæ  æмбæстæгты  ныхмæ,   закъоны раз  алчи, æххæст карздзинадæй  дзуаппмæ лæвæрд æрцæудзысты. Махз аразæм  рæстадыл æнцойæвæрд паддзахад,  алкæмæ ис протесты  сабырадонæй равдисыны  бар, фæлæ   мах цы федтам уый  ницы  критикæйæн нæ сфæраздзæн.  Ноджы иу хатт бузныг   полициæгтæн быхсыны тыххæй  æмæ  бæрзонд профессионализм  равдисыны тыххæй» – райхъусын кодта премьер-министр.