Мамука Бахтадзе – абонæй  Гуырдзыстоны  уæлдæфон тыгъдад  хуыздæр хъахъхъæд æмæ кантролгонд уыдзæн
Мамука Бахтадзе – абонæй Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад хуыздæр хъахъхъæд æмæ кантролгонд уыдзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе профессион бæрæгбон  раарфæ кодта  авиацион службæйы æмæ   уæлдæфон  хъахъхъæдады  куысты  сæрмагонд  скондæн.

Мамука Бахтадзейы ныхæстæм гæсгæ,  хъалдзинады æфсон дæтты уый æмæ    гуырдзиаг  пилоттæ   бирæ хæттыты   равдыстой  сæхи  Гуырдзыстоны  хæдбардзинад хъахъхъæныны  хъуыддаджы.

«Афрæ  кæнын  ацы  бон уыдонæн,  чидæриддæр  хъахъхъæны  гуырдзыстоны  уæлдæфон  тыгъдад. Бузныг уын   уæ иузæрдыг  службæйы  тыххæй.

Гуырдзиаг  æфсæддон авиацийы фæлтæрддзинад нымайы æрмæст 26 азы фæлæ   йæ  истори  у сæдæазон æмæ  йæ райдиан исы  1918 азæй, фыццаг гуырдзиаг авиацион  дæлхай  куы  сæвзæрд  йæ уæдæй.  Нæ пилоттæ   æнæ иу  хатт равдыстой сæхи  Гуырдзыстоны  хæдбардзинад  хъахъъхæныны  хъуыддаджы.

.Куыд æй зонут  афтæмæй уæлдæфон тыгъдад у  сегасæй ахсджиагдæр  компонент  бæстæйы  хæдиргъæфхъомады  хъуыддаджы,  æмæ  йæ  хъахъхъæнынад у  нæ  бæстæйы  джелбетт.  Нæ æмцæдисонтæ  æмæ   партнер-бæстæтæ нын аргъ скæнын гæнæн  цæмæн нæй  уый йас  æххуыс  кæнынц  ацы  хъуыддаджы.  Иурæстæгонæй уæлдæфы ныхмæ  системæй  фæрæзтæ   фæхуыздæр кæнын   æмæ  НАТО_Гуырдзыстоны архайадон пакеты  иуæй-иу  инициативæ  у –  фæхузыдæр  кæнæм  нæ  уæлдæфон   хъахъхъæнынады  фæрæзтæ.   Мах  сфидар кодтам  стратегион ахзастытæ  уыдонимæ, кæцытимæ иумæ дæр хуыздæр кæнæм ацы  ахсджиаг компонент.  Раст  ацы   къабазы  бадзырдтам Францимæ,  кæцы  нын  егъау   æххуыс кæны», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьеры  ныхæстæм гæсгæ,   нырæй фæстæмæ  Гуырдзыстоны   уæлдæфон тыгъдад зæгъгæ уыдзæн  хуыздæр хъахъъхæд  æмæ  хуыздæр  кантролгонд.

«Уæлдæфон хъахъъхæнынады  фæрæзтæй  уæлдай   мах хуыздæр кæнæм гуырдзийаг  авиацийы  транспортон æмæ логистикон фæрæзтæ,   нæ  сæйраг стратегион партнер – АИШ-ы  руаджы. Афтæдæр æнæуæг кæнæм    хæрдмæтæхджыты паркы  æмæ  сæ модернизацийы  уадзæм,  кæцы ахъаз  уыдзæн  ныгуылæйнаг стандарттæм æмбæлон  ног  дæлхайады сæвзæрдæн», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.