Мамука Бахтадзе  абон фидиуæн сараздзæн
Мамука Бахтадзе абон фидиуæн сараздзæн

Гуырдзыстоны премьер министр  Мамука Бахтадзе  абон фидиуæн сараздзæн. Мамука Бахтадзейы сидты  бæлвырд  рæстæг  æмæ  тематикæ  бæрæг нæу, фæлæ  гæнæн  ис, фидиуæн  баст уа  Мамука Бахтадзейы  премьер-министры  пост ныууадзынимæ, кæцыйы фæдыл  информаци фæстаг бонты мидæг  хæлиу кодта.

Плангонд  хицауадон ивдтытыл  уагдæттæг  балы  уæнгтæ   парламентон   фылдæрты  зноны  рабадтыл фæуынаффæ кодтой, фæлæ  депутаттæ  журналисттимæ  не сконкрет кодтой,  кæмæ  æххæссы  ивд.

Парламентон фылдæрты лидер  Гиа Вольски   фембæлды  фæстæ  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ уынаффæ уыд хицауадон ивдтытыл, кæцы   дыццæджы  политсоветы рабадтыл  адарддæр уыдзæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, премьер-министр  Мамука Бахтадзе  зæгъгæ сараздзæн  фидиуæн æмæ  дзыллæмæ  уыдзæн  «егъау гуырахстджын  информаци».