Мамука Бахтадзе -  14 апрелы гуырдзиаг наци равдыста æмуддзинад, цæмæй нæ хæдбындурдзинад бахъахъъхæдтаиккам
Мамука Бахтадзе - 14 апрелы гуырдзиаг наци равдыста æмуддзинад, цæмæй нæ хæдбындурдзинад бахъахъъхæдтаиккам

14 апрел у уыцы  бон,  гуырдзиаг наций  æмуддзинад куы равдыста, цæмæй  нæ хæдбындурдзинады сæры рахæцыдаиккам, уымæн æмæ не’взаг у гуырдзиаг хæдбындурдзинады æмæ  идентондзинады  æнæдихаг хай – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе, Ивнэ Джавахишвилийы  номыл Тбилисы  паддзахадон университеты   гуырдзиаг æвзаджы   бонмæ нывонд  къуырионы  байгомыл райхъусын кодта.

«Сæрмагондæй   райын  нæ  фæсивæдæй.  Нæ  бирææнусон истори й  у  сæрибардзинадæн тохы æмæ  нæ  хæдбындурдзинады  нæхимæ æруадзынæн.  Сæрмагондæй мæнæн  1978 азы 14 апрел  у  растдæр ахæм датæ. Бон кæцы рæстæджы дæр,  гуырдзиаг адæм равдыста æмуддзинад  цæмæй  нæ  хæдбындурдзинады сæрыл рахæцыдаиккам уымæн æмæ не’взаг у гуырдзиаг хæдбындурдзинады æмæ  идентондзинады  æнæдихаг хай.

Алкæцы дæр уæ  зоны цæмæй  ахуырад  у  нæ приоритет,  националон идея, кæцы нын баххуыс уыдзæн  Гуырдзыстоны раз уæвæг алы быцæусидтыл фæтых уыны.  Гуырдзиаг æвзагæн,  йæ  сыгъдæгдзинады бахъахъхæнынæн ацы   националон  идеяйы  ис  сæрмагонд æмæ сегасæй  ахсджиаг дæр роль» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Гуырдзыстоны  абон бæрæгбон цæуы   мадæлон æвзаджы  бон.  Ацы бон  1978 азы  14  апрелы  фæзындтæ банысан кæнынæн,  1990  азы  сфидар ис.   1978 азы  14 апрелы  Тбилисы   уагъд грандиозон   протестон  рацыд,    гуырдзиаг  æвзагæн паддзахадон  æвзаджы статус   йæхимæ руагъдта  æмæ  бакуылымпы кодта советон хицауад,  советон Гуырдзыстоны конституцийæ,   паддзахадон æвзаджы фæдыл  статий  сисын.

Бæрæгбонмæ гæсгæ, бæстæйы масштабæй   æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ  сты  палнгонд.