Майк Помпео  НАТО-ы  министртимæ иумæ æркæсдзæн, Гуырдзыстон æмæ Украинæйимæ НАТО-ы ахастыты фæарфдæр кæныны  фарста
Майк Помпео НАТО-ы министртимæ иумæ æркæсдзæн, Гуырдзыстон æмæ Украинæйимæ НАТО-ы ахастыты фæарфдæр кæныны фарста

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео  НАТО-йы  министериалы   райсдзæн хайад. Помпео альянсы  уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртимæ иумæ,   æндæр фарстатæй  уæлдай ма, сегасæй  ахсджиагдæр партнертимæ иумæ  Гуырдзыстон æмæ Украинæимæ  НАТО-ы ахастыты  фæарфдæр кæныны фарста æркæсдзæн.  Уый фæдыл дзырдæуы  АИШ-ы  паддзахадон департаменты  официалон  минæвары  Хизер  Науэрты  фидиуæны.

Паддзахадон департаменты  хъусинагæй,   министериалы  хайадисджытæ  кæсынц  июлы саммиты райсгæ   боны фæткъы  сæххæсты  цы прогрессмæ  баххæссыдысты  уый. Уагдоны  хъусинагæй,   Майк Помпео Брюсселы  ноджы иу хатт  баздæхдзæн альянсы  уæнгтæм, иумæйаг тасæй хибахизынæн  æмбæрц  бæрн  райсæт  сæхимæ, кæцы 2024  азмæ  альянсы  уæнгæн, хъахъхъæнынады  къабазы хардзтæ, æмтгæйон мид продукты  2 %-æй  фæфылдæр кæнын  нысан кæны.

Минстртæ афтæдæр æркæсдзысты  транс-атлантикон æдасдзинады  фарстатæ, НАТО-ы операциты æмæ  партнердзинад,  сæ нымæцы  нысаниуæгджын партнертимæ, Гуырдзыстон æмæ Украинæимæ  НАТО-ы  ахастыты фæарфдæр кæнын» -дзырдæуы  паддзахадон департаменты  фидиуæны.