Майк Помпео хъусын кæны ома, АИШ-Уæрæсейы æхсæн ахастыты фæхуыздæр баст у Уæрæсейыл
Майк Помпео хъусын кæны ома, АИШ-Уæрæсейы  æхсæн ахастыты фæхуыздæр баст у  Уæрæсейыл

Америкæйы иугонд Штатты æмæ    Уæрæсейы  æхсæн   ахастыты  фæхуыздæры фарста  æнæхъæнæй  баст у  Уæрæсейыл – ахæм фидиуæн  АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео  микроблог Twitter-ы  фæрцы ахæлиу кодта.

«Уæрæсейы  хицауадимæ  дзæбæх  ахастытæ  пайдаджын уыдзысты   алкæмæн дæр, фæлæ    пурти ныр  Уæрæсейы  фæзыгыл  ис.  Фыдвæнд архæйдтыты тыххæй   бæрн Уæрæсейыл  фидæны дæр сæвæрдзыстæм”, –  фыссы  Майк Помпео.

Америкæйы Иугонд Штатты   паддзахадон нымæрдар,   президентимæ иумæ  Финляндийы  уæвы.   Майк Помпео  Хельсинкийы фембæлдзæн йæ  уырыссаг коллегæ  Сергей Лавровимæ.