Майк Помпео Гиорги Гахариайæн -  Æххуыс уын кæнæм демократийы  фарстæты, иумæ кусæм уыцы  темæтыл, кæцы уæ бæстæйы  оккупацийæ  равзæргæ рыст æмæ зындзинæдтимæ  сты баст
Майк Помпео Гиорги Гахариайæн - Æххуыс уын кæнæм демократийы фарстæты, иумæ кусæм уыцы темæтыл, кæцы уæ бæстæйы оккупацийæ равзæргæ рыст æмæ зындзинæдтимæ сты баст

Æнæхъæн Дуне æмæ  уый  нымæцы  Гуырдзыстон,  сты  Китайæ рацæугæ  вирусы æртъхъирæн  раз.  Уымæн иумæ бафæраздзыстæм, нæ адæмыл  бацауæрддзыстæм  æмæ  экономикæ  скусын кæндзыстæм, кæцы  иттæг нысаниуæгджын  у  уæ бæстæйы, регионы æмæ Дунейы  фарнæн –  загъта  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео, Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариамæ  фембæлды рæстæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ   АИШ æмæ Гуырдзыстонæн, 30 азы  дæргъы  диссаджы  хæлар ахастытæ ис.

«Цытджын премьер-министр, тынг райгонд дæн  ам кæй  дæн, уымæй. Иттæг нысаниуæгджын   фарстатæ  æркæсдзыстæм  æмæ  сымах цы аспекттæ ранимайдтат, уыдон æмбæлгæйæ  банысан кодтам. Нæ  дыссаджы хæларон ахастытæ нырид 30 аз у,  цы даргъ кæнынц.  Уæ  фарс  хæцæм декмократон   фарстæты  æмæ  иумæ  кусæм  уыцы  фарстæтыл, кæцы  уæ  бæстæйы оккупациййæ  равзæргæ рысты  æмæ зындзинæдтимæ сты баст.  Алцыппæт сараздзыстæм  фидæны дæр  уæ  бæстæйы   демократизацийы  процессæн баххуыс кæнынæн, институттæ  стынг кæнынæн, кæцы ахсджиаг у  сæрибар æмæ  рæстаг æвзæрстытæн  æмæ   алцыппæт уымæн,  хæрздискуссийæ  æмæ  демократийы цы равзæры,  уыдæттæн. Бузныг уын  фысымдзинадæн. Аргъ кæнын  ацы фадатæн  æмæ райгонд дæн сымахимæ фембæлдæй»,  – банысан кодта  Майк Помпео.

Информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  премьер-министр   пресс-куыст.