Майк Помпео - Гиорги Гахариаимæ  фæныхас кодтам фæззæджы,  сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд  æвзæрстытæ  ауадзыны нысаниуæгыл
Майк Помпео - Гиорги Гахариаимæ фæныхас кодтам фæззæджы, сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд æвзæрстытæ ауадзыны нысаниуæгыл

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар Майк Помпео хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариаимæ  тилифонæй ныхасы   рæстæджы  афæлгæстой  сæрибар,  рæстаг  æмæ   рухсдзыд æвзæрстытæ  ауадзыны нысаниуæг.

Помпео  социалон хызаг «Твитеры»  сæрмагонд фарсыл   публикацигонд  посты  мидæг  афтæдæр  æнцой дары  Гуырдзыстоны  суверенитеты  раз.

«Абон гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахэариаимæ  фæныхас кодтам цæугæ азы  фæззæджы,  сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд  æвзæрстытæ  ауадзыны нысаниуæгыл. Кæддæриддæр уыдзыстæм  Гуырдзыстоны  суверенитеты сæрылхæцæг  Уæрæсейы оккупацийы ныхмæ» – фыссы  Помпео.

Гиорги Гахариа æмæ Майк Помпеойы æхсæн  телефонæй ныхас  уыд.  Гуырдзыстоны  премьер-министры пресс-куысты  информацийæ,   фарсытæ   стратегион   партнерады  сæйраг   фарстатæ æркастысты.