Майк Помпео - Европæйы хъахъхъæнынады инициативæйы æвæрд æрцыд 11 миллиардæй АИШ-ы доллар, не æххуысæй хæдиргъæвæн хотыхтæ Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн рæувадат фестадысты
Майк Помпео - Европæйы   хъахъхъæнынады инициативæйы æвæрд æрцыд   11  миллиардæй   АИШ-ы  доллар,  не æххуысæй хæдиргъæвæн  хотыхтæ  Гуырдзыстон  æмæ Украинæйæн рæувадат фестадысты

Европæйы   хъахъхъæнынады инициативæйы æвæрд æрцыд   11  миллиардæй   АИШ-ы  доллар,  не æххуысæй хæдиргъæвæн  хотыхтæ  Гуырдзыстон  æмæ Украинæйæн рæувадат фестадысты –  уый фæдыл  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар,   Майк Помпео,  райхъусын кодта Сенаты,  цы хъусын  сырæзт  Америкæ æмæ Уæрæсейы  президентты, Дональд Трамп æмæ  Владимир  Путины фембæлды  фарстайыл.

«Мах хъахъъæнæм  АИШ-ы   фундаментон   æмæ стратегион инетерстæ  Сирий  æмæ Украинæйы.  Уæрæсеимæ сæрмагонд  ныхæсты  рæстæджы  сын бацамыдтон  цæмæй  нæ  демокративон  процесстæм хи фæкæнынæн, уыдзæн   æмбæлон фæстиуджытæ.  Фæнды  мæ  бахахх кæнон, цæмæй  президент  Трамп, дзæбæх зоны уыцы сидтытæ, кæцыты  Уæрæсе æвзæрын кæны  АИШ-æн, йæ  партнертæн æмæ æмцæдисонтæн, æмæ президент  бирæ ахæм къахдзæфтæ аразы,  нæ интересты бахъахъъæнынæн.

Фæнды мæ  цалдæр реалон  факт бахахх кæнын:  Трампы  администрацийы уавæрты  æрфидар ис  213  санкци уырыссаг организацитæн æмæ   индивидуалон  уæнгтæн,   60 уырыссаг  дзырдхæссæгы раддæдуар сты  АИШ-æй,  æхкæд æрцыд  Уæрæсейы   консулад Сиэтлы, ай уыд дзуаппон   реакци  Уæрæсейы  æрдгæй  химикъон  хæцæнгарзæй  спайда кæнынæн Британийы.   Уæрæсейы   АИШ-ы  дипломативон   корпусы  кусджыты нымæцы фæкаъддæр расидтис Сан-Францискойы  Уæрæсейы  консулады æрыхкæд.  Фæстæдæр та  Европæйы  æрмæстдæр иу афæдзы дæргъы,  уагъд æрцыд 150   ахуыр.  11 миллиардæй фылдæр    АИШ-ы  доллар бахардз ис  европаг  хъахъхъæнынады  инициативæйы,  мах æххуысæй  хæдиргъæвæн  хотыхтæ  Гуырдзыстон  æмæ Украинæйæн рæувадат фестадысты.

Ивгъуыд къуырийы та,  Хельсинкийы  фæстæ,   æфтауцæй  200  милуан  АИШ-ы  доллар   рауæлдай кодтам   Украинæйы   æдасдзинады  æрдгæй  уæвæг    æмкуысткæнынады фондтæн.  8 азы  дæргъы,   президент  Трампы онг  ахæм ницы  сырæзт,» – банысан кодта Майк Помпео.

Сенаты  æддæ ахастыты   комитеты  абон   Гуырдзыстоны фæдыл  цалдæр хатт  фæныхас кодтой.  Рабадтыл  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпеомæ байхъуыстой. Хъусын  бакодта  сенатор  Боб  Коркер,  кæцы Уæрæсейыл ныхасы  рæстæджы райхъусын кодта,   цæмæй  Уæрæсе оккупаци скодта  Гуырдзыстоны территориты  хай.  Йæхæдæг паддзахадон нымæрдар   сæрмагонд ралæуды  загъта,  цæмæй   Америкæйы  Иугонд Штаттæ  æххуыс кæны  Гуырдзыстонæн, хъахъхъæнынады  сферæйы  æмæ  уый  дæнц  Майк Помпеойы дзырдæй у,  хæдиргъæвæн  хæцæнгарзы алæвæрд.