Майк Помпео - абон Уæрæсейæн КГБ-йы экс офицер къухдариугæ кæны, кæцы сыхаг бæстæтæм бырсы
Майк Помпео - абон Уæрæсейæн КГБ-йы экс офицер къухдариугæ кæны, кæцы сыхаг бæстæтæм бырсы

Майк Помпео – абон Уæрæсейæн КГБ-йы экс офицер къухдариугæ кæны, кæцы сыхаг бæстæтæм бырсы

Абон Уæрæсейæн КГБ-йы экс офицер къухдариугæ кæны, кæцы сыхаг бæстæтæм бырсы – уый фæдыл АИШ-ы паддзхадон нымæрдар Майк Помпео Берлинмæ визиты рæстæджы раисдтис.
“Мах хъуыды кодтам, цæмæй альянстыл æмæ æфсæдæттыл ресурс мауал бахардз кодтаиккам, уыцы сфератæм кæцыты мах сæрибардзинад хъахъæдтам, фæлæ фæрæдыдыстæм æмæ нæ бацахуыр кодтам уыцы курс, кæцы бирæ паддзхад равзæрста. Абон Уæрæсейæн КГБ-йы экс офицер къухдариугæ кæны, кæцы сыхаг бæстæтæм бырсы æмæ опонентты мары.
Уæрæсе йæ ныхмæ цæуы æмæ къуындæг кæны Украинайы аргъуаны хæдбардзинад. Уæрæсейы хицауады уæнгтæ ацы минутты дæр полицийаг рейдтæ даргъ кæны æмæ хъизæмары дары Хъырымаг бынæттонты æмæ украинæгты, кæцытæ Уæрæсейы агресийы ныхмæ тох кæнынц” -раисдтис Помпео.
Йæ ныхасм æгæсгæ, растдæр уымæн, АИШ-ы фæндон у, цæмæй Европæ ма уа баст Уæрæсейы энергоресурстыл æмæ расидтис цæмæй ныгуылæн бæстæты сæрибардзинад иудзинады ис.