Майк Пенс - Тынг хъыгаг  у, куы уыныс Хуыцауы  хæдзар  куыд судзы уый
Майк Пенс - Тынг хъыгаг у, куы уыныс Хуыцауы хæдзар куыд судзы уый

Тынг хъыгаг  у, куы  уыныс  Хуыцауы  хæдзар  куыд судзы  уый  –   ацы   фидиуæн  «Твиттеры» официалон  фарсыл   АМерикæйы  Иугонд Штатты   вице-президент Майк Пенс  ныффыста.

«Паризы  Мады Майрæмы  аргъуан æппæт дунейы  адæмты  уырнынады   символ у.  Тынг хъыгаг  у, куы  кæсыс Хуыцауы  хæдзар  куыд судзы  уый. Нæ куывд  æмæ нæ хъуыдытæ   ныр сты  зынгвæдисонты æмæ  алы  паризæгтимæ» –  фыссы Майк Пенс.

Паризы Мады Майрæмы  аргъуаны  масштабон зынгирвæзт фæзынд. Фæстаг информацийæ,   аргъуаны хъæдæй  уæлхæдзар, æнæхъæнæй  басыгъд.