Майк Пенс  Туркмæ  æрсидтис,  ма  фæлварæт Дональд Транмпы  быхсынхъомад  æмæ америкаг пасторы  ссæрибар кæнæт
Майк Пенс Туркмæ æрсидтис, ма фæлварæт Дональд Транмпы быхсынхъомад æмæ америкаг пасторы ссæрибар кæнæт

Америкæйы  Иугонд Штатты  вице-президент  Майк  Пенс, туркмæ æрсидтис,   АИШ-ы  президент Дональд Трампы быхсынхъомад ма фæлварæт  æмæ   америкаг пасторы   ссæрибар кæнæт, –  Майк  Пенс  уый фæдыл  социалон хызаг  Twitter-ы  сæрмагонд фарсыл ныффыста.

«Турчы  ахст  патсор, Эндрю  Брансон  æнаххос адæймаг у.  Рæстдзинад  домы, цæмæй йæ ссæрибар кæной.  Хорз  уыдзæн,   кæд Турк, Дональд Трампы  быхсынхъомад  нæ бафæлвардзæн. Президенты  кæцы  пасторы  АИШ-æм æрыздахын  цыфæнды амæлттæй  бацархайдзæн», –  фыссы Америкæйы  Иугонд Штатты   вице-президент.

Америкаг  пастор  дыууæ бæстæйы æхсæн  уæвæг  æнæразыдзинады  ноджы иу æфсон  у.  Эндрю Брансоны Турчы, 2016 азы  æрцахстой  Фетулла Гюллены организациимæ   бастдзинады аххосагæй. Уымæ æртъхъирæн кæны 35 азон  ахст.

Официалоон Анкара, америкаг  пасторы   ссæрибар кæныны  бæсты  АИШ-ы  цæрæг  динамонæг  Фетулла Гюллены  Туркмæ экстрадици куры.  Официалон Анкара уыйы, турчы  æфсæддон фæфæлдæхты  архайды  организацидзинады  зылыныджын кæны.   Фæнысангонд  æнхъарæнимæ разы  нæу  официалон Вашингтон.