Майк Пенс хъусын кæны, цæмæй Китай бамбæхста эпидемийы  масштабтæ
Майк Пенс хъусын кæны, цæмæй Китай бамбæхста эпидемийы масштабтæ

АИШ-ы   вице-президент Майк  Пенс  хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ  Китай   эпидемийы   масштаб басусæг кодта,  æрмæст АИШ-ы  изты  контролы центр, коронавирусæй  америкаг адæмы   фæрынчыны  æввæцæганд ныллæг  рискъыл банымадта.

Телекомпани  «Сиэнэны» эфиры,  акæнæгы   фарстыл – зæгъгæ  цæмæн  байрæджы кодта АИШ-æ   коронавирусы  пандемийы   масштабтæ бамбарын,  Пенс  дзуапп ратта, цæмæй  нырма январы астæу бонты,  низты  контролы   центр,  ныллæг рискъыл нымадта  коронавирусæй  америкаг адæмы  фæрынчыны  æвæццæгæнад.

«Реалон уавæр ахæм у, нæ бон уыдис  хуыздæр бахъом уын, кæд æмæ Китай  фылдæр рагхизæг уыдаит уæд. Эпидеми  реалон уыд Китайы, декабры йæ  дуне   куы  базыдта  уымæй  бирæ  раздæр» – райхъусын кодта Пенс.

Уый цæмæй  Китай  эпидемийы  масштабтæ  æмæ вирусæй  фæмардуæвджыты  æмæ  фæрынчынуæвджыты   реалон нымæц бамбæхста, уый фæдыл АИШ-ы  рагысгарджыты  хыгъдлæвæрды дæр уыд  ныхас.  Сусæг документ   Урс Хæдзары ис.  «Блумберг»  æртæ анонимон ратæдзæныл æнцойæ  хъусын кæны, цæмæй  Китай дунейæн  цы информаци   фехъусын кодта, «Ковид 19»-æй фæрынчынуæвджыты  фæдыл,  нæу  æххæст  æмæ   у мæнг.