Майя Цкитишвили  - сæвзæрд æнæраст  æхсæнадон хъуыды, цæвиттон Анаклиайы  порты  фарста баст у   консорциумы  хицæн   бындурæвæрджыты æрдæм  сæвзæргæ  фарстытимæ
Майя Цкитишвили - сæвзæрд æнæраст æхсæнадон хъуыды, цæвиттон Анаклиайы порты фарста баст у консорциумы хицæн бындурæвæрджыты æрдæм сæвзæргæ фарстытимæ

Æвзæрын кæнынц  æнæраст  æхсæнадон хъуыды, цæвиттон Анаклиайы  порты  фарста баст у   консорциумы  хицæн   бындурæвæрджыты æрдæм  сæвзæргæ  фарстытимæ æмæ  цæвиттон Анаклиайы порты   арæзтадæй  Гуырдзыстоны хицауад  цымидис нæ кæны –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны вице-премьер,  регионалон тынгады æмæ инфраструктурæйы  министр  Майя Цкитишвили   парламенты   пленарон рабадтыл райхъусын кодта, кæцы ран дæр депутаттæн, Анаклиайы  порты  арæзтады проекты фæдыл  деталон информаци  бавдыста.

«Фæстаг периоды, медийы, æхсæнады, æмæ парламенты дæр Анаклиайы  порт фестад  иуæй-иу  сæйраг темæйæ.  Иу мæй размæ  «министры сахаты» фæлгæтты   рацыдтæн  ацы  трибунæйыл  æмæ  йеуæд дæр  цалдæр фарст мæм раттой   ацы  темæйы тыххæй, фæлæ уый фæстæ Анаклиайы  порты  фарстайыл  тынг бирæ верситæ, бынтон æнæбындур  политикон  спекуляцитæ  æмæ фыццаджы дæр,   йæхæдæг Анаклиайы порты  арæзтадæн знаггадгæнæг   хъуыдытæ  дæр фæзынд», –   райхъусын кодта Майя Цкитишвили.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  æнæраст æхсæнадон хъуыды сырæзт, цæвиттон Анаклиайы  порты  фарста баст у   консорциумы  хицæн   бындурæвæрджыты æрдæм  сæвзæргæ  фарстытимæ æмæ  цæвиттон Анаклиайы порты   арæзтадæй  Гуырдзыстоны хицауад  цымидис нæ кæны.

«Уый тыххæй дæр,  спайда кодтон мæ  барæй,   баздæхон  Гуырдзыстоны парламентмæ куырдиатæй ацы темæмæ гæсгæ, байхъуыст саразыны фæдыл.  Райгонд дæн,  цæмæй  сымах ацы куырдиат уæ зæрдыл  бадардтат.  Бацархайдзынæн   уæ алы  фарстæн дзуапп раттын æмæ иумæ  аскуыддзаг кæнæм ацы фарста», –  баздæхт Майя Цкитишвили  депутаттæм.