Майя Цкитишвили -  Координацион  совет  уынаффæ кæны  уæлæмхас  ранæй-ран  арæнæвæрдтыл,  уый нымæцы  æхсæвы сахатты  змæлды  арæнæвæрд дæр
Майя Цкитишвили - Координацион совет уынаффæ кæны уæлæмхас ранæй-ран арæнæвæрдтыл, уый нымæцы æхсæвы сахатты змæлды арæнæвæрд дæр

Регионалон  рæзынады æмæ  инфраструктурæйы  министр, вице-премьер  Майя Цкитишвилийы фидиуæнæй,   зæгъгæ  хицауады   координацион совет абон уынаффæ   кæны, цæмæй   цавæр уæлæмхас   ранæй-рæтты  æрæнæвæрдтæ   æрбайсын   ис гæнæн, коронавирусы  апарахат маруадзынæн.

«Совет, кæй зæгъын æй хъæуы,   уынаффæ кæны ууыл, цæмæй  цы уæлæмхас  мадзæлттæ æмæ  цавæр ранæй-рæтты арæнæвæрдтæ  æрбайсын ис гæнæн цæмæй  бафæразæм  вирусы апарахат маруадзын,  фæсындæг кæнæм  вирусы  ахæлиу.  Гæнæн ис уа  æндæр æмæ æндæр типы  мадзал,  цахæмдæр у  дæнцæн,  изæры сахатты, æхсæвы  сахатты  змæлд  арæн скæнын.  Гæнæнис  уа  улæфты  бонтæ, кæнæ къуырийы  кæцыдæр  иу бон,  кæнæ æндæр æмæ æндæр  цæрæн рæтты,   куыд транспорты  бауромын, афтæ æндæр   базарадон ц ентрты   кæнæ   æндæр  хуызы  стыр  змæлд  цы ран ис, зæгъæм базарты  куыст бауромын.

Алы ацы ранæй-ран равгы  мадзал, кæцыйæ  спайда кæндзыстæм  уым æмæ уыцы  ран, кæцыйы æнæмæнгхъæуындзинад  уыдзæн  эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ.   Алы  ахæм  мадзал сфидар кæнын у уыцы практикæ æмæ зонынадыл æнцойæвæрд,  кæцы уынæм сыхаг  æмæ дунейы  æндæр æмæ æндæр паддзахадты», – райхъусын кодта Майя Цкитишвили.

Уый ма  банысан кодта, цæмæй   абон  зæгъгæ æнæмæнгхæъугæ у  æхсæнады  æххæстæй  консолидацидзинад.

«Алчи хъуамæ баиу  уæм –  æмбæстæгтæ, бизнес, алы  политикон   актор.  Мах алкæй рард у, цæмæй   бахъахъхъæнæм  нæ  æнæнизхъахъъæды системæ,  нæ  æмбæстæгты, цæмæй,  кæй зæгъын æй хъæуы,  нæ бæстæйы   экономикæ.  Уый  у тынг æнцон, уый тыххæй хуымæтæгæй  хъуамæ  æххæст кæнæм   уыцы  регуляцитæ, кæцы сты  бæлвырд æм аппробацигонд æппæт Дунейы  æмæ  тынг  æнцон у  сæ æххæст кæнын», –    загъта  Майя Цкитишвили.