Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  Анаклиайы  порты  проекты нысаниуæг алкæмæн бæрæг у
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Анаклиайы порты проекты нысаниуæг алкæмæн бæрæг у

– Уый фæдыл  Гуырдзыстоны, Евроцæдисы минæвар,  Карл Харцелл  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæнысангонд  инфраструктурон   проекты  сæххæст, иттæг нысаниуæгджын у.

«Ай у  сегасæй  ахсджиагдæр инвестицион проект.   Æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй   ацы  хатт   ис  бæрæг æнæразыдзинад партнерты æхсæн,   мæ хъуыдымæ гæсгæ,  æмтгæй  райсгæйæ   иттæг нысаниуæгджын  у ацы  инфраструктурон  проекты   сæххæст.  Дыууæдæр фарсæй нæм хъуысы  æвæрццаг ахаст æмæ цæттæдзинад ацы  проекты  сыххæст кæнынæмæ,  афтæмæй мæнмæ гæсгæ, ацы  проекты  нысаниуæг,  алкæмæн дæр бæрæг у», –  райхъусын кодта Карл Харцелл.

«Анаклиайы Райтынгы  Консорциумæн»  æхсæйнаг  хæстæ сæххæст кæнынæн æмгъуыд  зон  аивгъуыд.

Уый  йеддæмæ ма,  министрад абон  ахæлиу кодта  фидиуæн.  Кæцыйы  мидæг банысангонд у, цæмæй  зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад «Анаклиайы Райтынгы  Консорциумæн» дæтты  фадат, , кæронмæ  бацархайа сæрмагонд ресурсæй æмæ 2019 азы  кæронмæ  æрбаласа  æмæ самал кæна,  куыд сæрмагонд  капитал, афтæ  æхсæнадæмон банкъытимæ  æрныхас кæна   порты  арæзтады  проект кæронмæ  сыххæст кæнынæн.