Луиза Винтон – Нæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг дзæбæх у, Панксиы Комы конфронтаци,  бадзырдтæй  ивд кæй  æрцыдис уый, æнхъæлмæ кæсæм  æвæрццаг фæстиуджытæм
Луиза Винтон – Нæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг дзæбæх у, Панксиы Комы конфронтаци, бадзырдтæй ивд кæй æрцыдис уый, æнхъæлмæ кæсæм æвæрццаг фæстиуджытæм

Адæммæ  фундаментон  бар ис,  протест равдисой, фæлæ  æнæтыхмийæ,  кæннод та,  полици,  æдадсзинады  тыхтæ  хæсджын сты  сабырад бахъахъъæнын,  æнæ уæлдайджын  тыхæй –  уый фæдыл  райхъусын кодта ИНО-йы минæвар Гуырдзыстоны Луиза Винтон,   Панкисы  Комы  быцæудзинадыл ныхасы рæстæджы.

Луиза Винтон куыд  банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ æнæмнгхъæуæг у  баланс  инфраструктурæ арæзтады æмæ  цæрджыты æрдгæй,  æрдз бахъахъъхæныны  архайды æхсæн.

«Мах тынг сагъæс кæнæм  сырæзт уавæрæй, уæлдайдæр тыхмидзинадæй.  Фæнды нæ дыууæ цыдæр бадарæм нæ зæрдыл  ацы  уавæрæй.  Нæ хъуыдымæ гæсгæ,  Панкисы  комы  бадзырдтæ  фæивдтой  конфронтаци, æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм   æвæрццаг  фæстиуджытæм.  Гидроэлектростанцæйы тыхæхй та, гидроэнерги  нæу  къахгæ ,   ома  уый тыххæй дæр нымад цæуы  цæъх  энергийыл  æмæ гæнæн ис  банымайын   климатон ивдты рискъы  фæлмæгæнæг факторæй, фæлæ  афтæдæр баст у  æрдзыл æндæвдадимæ.  Ацы æндæвдад  хъæуы  тынг  лæмбынæг   аргъ скæнын.  Арæзтад райдаыны размæ,  хъæуы  дзыллæимæ  ныхас  кæнын. Мах уынæм цæмæй æнæмнгхъæуæг у  баланс  инфраструктурæ арæзтады æмæ   цæрджыты æрдгæй,  æрдз бахъахъъхæныны  архайды æхсæн, кæцыйæ  афтæ номдзыд у Гуырдзыстон» –   райхъусын кодта Луиза Винтон.