Лондоны НАТО-йы  парламентон ассамблейы 65-æм сесси, æрыхгæд уыдзæн пленарон рабадтæй
Лондоны НАТО-йы парламентон ассамблейы 65-æм сесси, æрыхгæд уыдзæн пленарон рабадтæй

НАТО-Гуырдзыстоны  парламентон  ассамблейы  65-æм сесси æхгæд  абон æрцæудзæн. Фæззыгон  сессийы   пленарон   рабадтыл  29  уæнг  паддзахады æмæ 12  аспирант   бæстæйы  парламентон   делегациты раз дзырдæй  ралæудзæн  НАТО-йы парламентон ассамблейы  президент  Медлин Мун, бынæттон рæстæгæй, 09:00  сахатыл (Тбилисы рæстæг – 12:00).

Медлин Мун  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  журналситæн  Лондоны   загъта, цææмй  зæгъгæ  йæ ныхас æнæмæнгæй   бахæссдзæн  Гуырдзыстонмæ визитмæ.

НАТО-йы  парламентон  ассамблейы  президенты   дзырдæй  ралæуды фæстæ  трибунæ  бацахсдзæн  Иугонд паддзахады  гарзджын тыхты  къухдариуæггæнæг,  инæлар Николас  Картер  æмæ фæстæдæр Иугонд  Паддзахады хъахъъæнынады  падзахадон  нымæрдар  Бен Уолас.

Пленарон  рабадтмæ баиу  уыдзæн  НАТО-йы  генералон нымæрдар Йенс Столтенберг,  кæцы  Англисы   сæйраг сахармæ,  НАТО-йы   парламентон ассамблейы   фæззыгон сессийы   æрыхгæды хайад райсынмæ фæуазæг уыдзæн.

Ралæудты фæстæ  плангонд у  фарст-дзуаппы  режим.

Фæззыгон  сессийы  фæлгæтты   æрцæттæгонд æмæ комитеттыл  кастгонд  хыгъдлæвæрдты, абоны рабадтыл  сбæлвырд кæндзысты, афтæдæр халæппæрстмæ  рахæсдзысты  документмæ бахæссинаг  барастытæ.