Лондоны, Гуырдзыстон æмæ Британийы  æхсæн, стратегион партнерад бафысдзысты
Лондоны, Гуырдзыстон æмæ Британийы æхсæн, стратегион партнерад бафысдзысты

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани   20-21 октябры   Игонд  Паддзахадмæ  фæуазæг уыдзæн, цы ран   къухæвæрд æрцæудзæн  «Гуырдзыстон æмæ Стыр Британийы  æмæ Цæгат Ирландийы  Иугонд Паддзахъады æхсæн стратегион æмкуысткæнынад  æмæ партнерады  фæдыл бадзырд», кæцы   Евроцæдисæй  Иугонд Паддзахады рацыды фæстæ  скусдзæн.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийæ,   бадзырд   Брекситы  фæстæ  Стыр Британиимæ  дыууæфарсон  ахастыты фæивдзæн Гуырдзыстон æмæ  Евроцæдисы  æхсæн  ассоциацидзинады бадзырд.  Документ æххæссы  æмкуысткæнынады  уæрæх  спектрмæ æмæ æвзæрын кæны  барадон фæлгæт  стратегион партнерадæн,  афтæма,  ивфтонг кæны  сæрибар базарады  режим химæ  æруадзын Гуырдзыстон æмæ   Стыр Британиимæ.

«Фæнысан кæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстонимæ  къухæвæрд  ацы  бадзырд  у  регионы  фыццаг  бадзырд, кæцыйы  Иугонд Паддзахад, евроцæдисæй   рацыды фæстæ скусын кæндзæн» –  банысан кодтой  Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты   уагдоны.