Люк Коффи - Америкæйы Иугонд Штаттæн йæ бон у Гуырдзыстонæн баххуыс кæна сабырадон инциативæ- «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны Æрдæм»-ы бирæ æнтыстджынæй дæр сæххæсты
Люк Коффи - Америкæйы  Иугонд Штаттæн  йæ бон  у  Гуырдзыстонæн баххуыс кæна сабырадон инциативæ- «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны Æрдæм»-ы  бирæ æнтыстджынæй дæр  сæххæсты

АИШ-æн  йæ  бон  у  бирæ  активондæр баиу  уа  процессмæ æмæ  бауырнын кæна партнерты, ома  хуыздæр бамбарой,  уый  æмæ   Уæрæсейы æфсæдды  уæвын Гуырдзыстоны,  у  Гуырдзыстоны территориты оккупаци, –  уый фæдыл   АИШ-ы  æддаг политикæйы   эксперт «Херитидж Фонды»  иртасаг  Люк Коффи  хъусын кæны.

Йæ  аргълæвæрдæй,   Гуырдзыстоны премьер-министры рангы  Мамука Бахтадзейы   визит АИШ-æм  пайдаджын  рæстæджы  цæуы  æмæ нысаниуæгджын у,   цæмæй  Вашингтоны  америкаг  æмæ гуырдзиаг  лидертæ  æмбырд кæнынц,   дыууæфарсон ахастыты   фæфидар кæныны  æрдæм  саразинаг ног къахдзæфты  æркæсынæн.

«Трампы администраци,   Гуырдзыстонæн тынг  хæдиргъæфхъомад  сбæрзонддæр кæныны  цæстæнгасæй  æххуыс кæны æмæ  уый æмзæрдæ у  ныр дæр.  Мæ  хъуыдымæ  гæсгæ,   фидæны дæр  Америкæйы хицауад  растдæр  ацы æрдæм  æмгуыстады  фæарфдæр кæныны æрдæм хъуамæ  архайа.

Америкæйы  Иугонд Штаттæн  йæ бон  у  Гуырдзыстонæн баххуыс кæна  бæстæйы хицауады райдайгæ  сабырадон инциативæ- «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны Æрдæм»-ы  бирæ æнтыстджынæй дæр  сæххæсты – равдиса   политикон  æмæ дипломативон  æнцой.

Вашингтоны  æрдгæй  ацы  инициативæйы  активон   фарсхæцынад, æндæр бæстæтæн суыдзæн дæнцон, ацы тыхархайд  та  Гуырдзыстоны  хицауады позицитæ  фæтыхджындæр кæндзæн æмæ   ацы инициативæйæ  бирæ  æууæнкджын  æмæ  архайынхъомдæр скæндзæн  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  æмæ  оккупацигонд территоритыл цæрæг адæмæн», – хъусын кæны Люк Коффи.