«Ля Монд» -Францы Альпыты уырыссаг шпионты базæ ссардтой
«Ля Монд» -Францы Альпыты уырыссаг шпионты базæ ссардтой

«Ля Монд» -Францы Альпыты уырыссаг шпионты базæ ссардтой

Францаг «Ля монд» фыссы, цæмæй францаг Альпыты уырыссаг шпионты базæ ссардтой. Ралæвæрды инофрмацийæ, 15 уырыссаг шпион растдæр Францы Альпытæй æххæст кодта операцитæ æнæхъæн Европайы. «Ля монд» -ы бæлвырдмæ гæсгæ, шпионтæ Уæрæсейы æфсæдтон элитарон дæлхайады бæрнонтæ сты.

Статьяйы ис фыст, цæмæй снысангонд базайыл кусæг уæнгтæ бæрнджын сты лæгмардзинæдты, саботажы актытыл æмæ а.х. мард почтайы коппыты системайы бакуыстыл, кæцытæй сусæг агенттæ кæрæдзиимæ ныхас кæнынц.

Шпионты базæ , растдæр Скрипалты хъуыдтагы фæдагуырды фæлгæтты ссардтой. «Ля монд» -ы информацийæ 2014-2018-æм азты уырыссаг агенттæ Францы хуссар-скæсæны хайы уæвæг чысыл горæтты рабæрæг кодтой, се æхсæн Шамонс æмæ Евианы.