Ливанæй фыдыбæстæмæ 3500-ы онг сирийаг лигъдон æрыздæхдзæн
Ливанæй фыдыбæстæмæ  3500-ы  онг сирийаг  лигъдон æрыздæхдзæн

Ливаны  цæрæг  милуан æмæ рдæг  сирийаг   лигъдæттæй,  3 500  фыдыбæстæмæ æрыздæхдзысты,  æввахсдæр  фидæны.  Уый фæдыл  Ливаны  фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæг   Ола Ботрос райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   хæдрасидт  «Исламы Паддзахады» састы  фæстæ,  лигъдæтты   хай,  фыдыбæстæмæ  æрыздæхыны  фæндон равдыстой.

Уымæй  уæлдай ма,   ливаны  фæсарæн хъуыддæгты  министры  хæдивæг  ИНО-йы    лигъдæтты  советы  лигъдæтты  Сиримæ  æрыздахыны  процессы  куылымпыдзинады  фæзылын кодта.

«Сирийы   бæрæг хайы   абон  дзæвгар стабилон уавæр ис, уымæ æмбæлгæйæ дæр,  лигъæдтты  хайы фæнды  сæрмагонд бæстæмæ æрыздæхын.  Фæлæ ИНО-йы   лигъæдтты  совет архайы,   уыдоны бауырынын  кæна,   цæмæй сын Ливаны  баззайын  бирæ  æдасдæр уыдзæн уыдонæн» –  райхъусын кодта  Ботрос.