Лиетувæйы  Сеймы сæрдар – Мах зонæм,  куыд æмæ цæмæн хъуамæ баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн, кæцы нæ бæстæйы  хæлæрттæй,  сеппæтæй  хуыздæр  у
Лиетувæйы Сеймы сæрдар – Мах зонæм, куыд æмæ цæмæн хъуамæ баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн, кæцы нæ бæстæйы хæлæрттæй, сеппæтæй хуыздæр у

Мах   раст уый хызæн фæндаг рацыдыстæм  25 азы размæ, æмæ ныр зонæм,  куыд æмæ  цæмæн хъуамæ баххуыс кæнæм  Гуырдзыстонæн, кæцы   нгæ  бæстæйы  сеппæтæй   хуыздæр хæлар у –   уый тыххæй   Лиетувæйы   сеймы  сæрдар  Викторас  Пранцкиетис  Гуырдзыстоны    парламенты  сæрдар Иракълий Къобахидзеимæ  фембæлды фæстæ   райхъусын кодта.

Викторас  Пранцкиетис   куыд банысан кодта афтæмæй, фесмбæлдыл ныхас уыд Гуырдзыстоны  æдасдзинадыл, афтæдæр  Евроцæдисмæ  тырнынадыл.

«Фæныхас кодтам уый тыххæй  цæмæй  цы  хъуамæ  саразæм  æмæ   цы  хъуамæ араза  Гуырдзыстоны парламент  ацы фæндагыл.  Фыццаджы дæр Гуырдзыстоны  парламент  документты  имплементаци хъуамæ скæна, кæцы  фидæны æмкуысткæнынадæн  æнæмæнгхъæугæ у.   Мах стæм  бæстæ, кæцы Гуырдзыстонæн   Евроинтеграцийæн  йæ радианæй  хæцы  йæ фарс.   Мах дæр раст ацы  фæндаг рацыдыстæм 25 азы размæ,   уый тыххæй  дæр нырид   зонæм,  куыд æмæ цæмæн хъуамæ баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн, кæцы нæ бæстæйы   сеппæтæй  хуыздæр  хæлар у.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр,  кæддæриддæр кусæм Гуырдзыстонимæ иумæ» –  райхъусын кодта  Сеймы сæрдар.

Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар Ираклий  Къобахидзе Лиетувæйы   Респбубликæйы официалон  визитæй  уæвы.