Лиетувæйы  абон   президентон  æвзæрстыты дыккаг тур  цæуы
Лиетувæйы абон президентон æвзæрстыты дыккаг тур цæуы

Лиетувæйы  абон   президентон  æвзæрстыты дыккаг тур  цæуы. Æвзæрстыты  дыууæ кандидат, экономист  Гитанас  Наусэда æмæ  Лиетувæйы   финансты  раздæры министр   ИНгрида  Шиммонитэ исынц хайад.

Фыццаг туры, Шиммонитэ    райста  æвзæрстгæнджыты  хъæлæсты 31,13%, æрмæст Наусэда   та  30,94%.  Экспертты аргълæвæрдæй,  кандидаттæн  æмбæрц  шансытæ  ис.

Лиетувæйы архайæг президент Далия Грибаускайте  æвзæрстыты  хайад нæ исы. Уый  ацы  пост  ахста  дыууæ  æмгъуыдæй æмæ  йæм æртыккаг хатт халæппæрсты  хайад райсты  бар нал ис.