Лиетувæ уæ фарсмæ лæууы Гуырдзыстон – Линас Линкявичус, августы хæсты 10 азы сæрмæ гæсгæ, видеосидт ахæлиу кодта
Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты 10 азы сæрмæ гæсгæ специалон сидт хæлиу кæны. Видеосидт æвæрд æрцыд дипломаты Twitter—ы сæрмагонд фарсыл.
«Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæстгонд агрессийæ 10 азы рацыд. Уæрæсе дарддæр кæны Гуырдзыстоны суверенитет халын. Оккупацигонд йæм ис Гуырдзыстоны территорийы 20%. Сом польшайаг æмæ латвийаг коллегтæим , афтæма Украинæйы вице-премьеримæ иумæ ныццæудзыстæм Тбилисмæ, цæмæй гуырдзиаг адæмæн солидарондзинад равдисæм» – дзуры Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр.
Видеосидты линявичус хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн райдайгæ хæсты хъæдгом сдзæбæх кæнын æмæ территорион æнæхъæндзинад сног кæнын тынг зын у. Фæлæ афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон уый æнæмæнгæй бахъом уыдзæн, уымæн æмæ йын æнцой дары æппæт демокративон дуне. «Лиетувæ уæ фарсмæ лæууы Гуырдзыстон» – видеосидты кæрон ацы фразæ Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр гуырдзиагау дзуры.