Лиетувæ,  Отхозориа-Татунашвилийы  номхыгъдмæ хаст æхсæз   уæнгы ныхмæ арæнвæрдтæ фидар кæны
Лиетувæ, Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдмæ хаст æхсæз уæнгы ныхмæ арæнвæрдтæ фидар кæны

Лиетувæ,  Отхозориа-Татунашвилийы  номхыгъдмæ хаст æхсæз   уæнгы ныхмæ арæнвæрдтæ сфидар кодта.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады пресс-куысты  информацийæ,  Лиетувæйы   æддæ хъуыддæгты уагдон цæугæ азы  2  августы  официалон   фидиуæн  ахæлиу кодта,   кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй   Отхозориа-Татунашвилийы  номхыгъды   фæдыл  Гуырдзыстоны парламенты  резолюцийы  æмæ  хицауады   уагæвæрды  бындурыл,   уагдон   Лиетувæйы миграцийы  департаментмæ æрсидтис,   цæмæй Лиетувæйы  Республикæ,   уæлдæрбанысангонд   номхыгъды  фиксиргонд  уæнгтыы ныхмæ,  арæнæвæрдтæ  æрбайса. Фидиуæны  афтæдæр банысангонд у, цæмæй  дзырдæуы  уыцы уæнгтыл,   кæцытæ  хайад истой   адæймаджы барты  гуырымыхъхъ  хæлдтыты   оккупацигонд  Гуырдзыстоны  территоритыл.

Министрады  фидиуæны  афтæдæр  хаххгонд у, цæмæй  2018  азы августы Гуырдзыстоны ныхмæ  Уæрæсейы  агрессийæ  10  аз æзхæст кæны,   кæцыйы фæстиуæгæн  Уæрæсе оккупаци  скодта Гуырдзыстоны  территорийы  20 процент  æмæ  æхсæнадæмон барады  нормæтæ фехæлдта.

«Фидиуæны мидæг фиксиргонд у,   цæмæ  стыр   æхсæнадæмон  аргъгæндтæ расидтис  оккупацигонд территоритыл  Гига Отхозориайы   æмæ Арчил Татунашвилийы  марындзинæдтыл, æрмæст  гуырдзиаг  барадхъахъхъæнæг  струкурæтæн та рæстдзинад равзарын нæ уадзынц.

Афтæдæр  банысан ис, цæмæй  оккупацигонд территоритыл  адæймаджы  скъæфтыты,   марындзинæдты æмæ адæймаджы   барты  хæлды   фактытæ  æхсæнадæмон   æмгарады  æрдгæй  аргъгонд у  адæймаджы барты   æмæ   æхсæнадæмон  нормæты  хæлдæй.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,  Лиетувæ  кæддæриддæр  æрситдзæн   Уæрæсейы Федерацимæ,   цæмæй сæвзæрын кæна алы  хъæугæ ауæлттæ  рæстдзинад сфидар кæнынæн  æмæ   алы æнæзакъонон   архæйдтытæ схафынæн.

Информаци  фæнысангонды фæдыл,  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  пресс-куыстыл æнцойæ  ахæлиу кодта.