Лиетувæ гарзджын тыхты сконд, йæ иу цыппæрæмæй райрæзын кæнын хъавы
Лиетувæ гарзджын тыхты сконды иу цыппæрæмæй райрæзын кæнын хъавы. Уый фæдыл дзырдæуы æфсады структурæйы тыххæй закъонопроекты, кæцыйы бæстæйы хицауад ныридæгæн сбæлвырд кодта. Ныр документы хъуамæ æркæса сейм.
Закъонопроектмæ гæсгæ, 2024 азмæ Лиетувæйы гарзджын тыхты æфсæддæтты нымæц 21 290-æй 26 500-ы онг хъуамæ фæфылдæр уа. Адонæй профессионал æфсæддæтты нымæц уыдзæн 15 600-ы онг.
Лиетувæйы æфсад куыд контрактортæй, афтæ æнæмæнгхъæугæ æфсæддон куысты уæвæг æфсæддæттæй у. Æнæмæнгхъæугæ æфсæддон службæ Лиетувæ 2015азы сног кодта Уæрæсейы гæнæн агрессийы тыххæй.
Ног закъонопроектмæ гæсгæйæ, план кæны генералты æмæ хистæр офицерты, афтæдæр резервистты нымæц фæфылдæр кæнын.