Леван Изориа – Цыфæнды эмоцион уæт  Уæрæсейы æрдгæй  фидиуæнтæ, æнæмæнгхъæугæ у стратегион рардтæ у æмбаргæйæ æмæ  фидарзæрдæйæ æххæст кæнын
Леван Изориа – Цыфæнды эмоцион уæт Уæрæсейы æрдгæй фидиуæнтæ, æнæмæнгхъæугæ у стратегион рардтæ у æмбаргæйæ æмæ фидарзæрдæйæ æххæст кæнын

Уæрæсейы  æрдгæй  фидиуæнтæ  мæ нæ фæнды махæн эмоцион уой, æнæмæнгхъæугæ  у  уазал сæрæй сæххæст кæнын уыцы  стратегион рард, кæцы нæ  бæстæ, цæрджыты барæвзарæй  фæбæрæг кодта, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр  Леван Изориа  журналисттæн  загъта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  хицауады политикъæйы сæйраг хай у, максималонæй æрфидар уа  регионы сабырад æмæ æдасдзинад.

«Цæй  зæгъын æй хъæуы, нæ политикъæйы сæйраг миниуæг у уый, цæмæй максималонæй бафидар кæнæм сабырад æмæ  æдасдзинад регионы. Уый нымæцы  фæнысангонд ахуыр  «Agile Spirit»   растдæр ацы политикæйы  иуæй-иу  нысаниуæгджын хай у. Уый тыххæй дæр æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй  цы  фидиуæнтæ нæм цæуынц æмæ цыфæнды эмоцион ма уой  ацы  фидиуæнтæ  махæн,   æнæмæнгхъæугæ у æмбаргæйæ æмæ  фидарзæрдæйæ  уыцы   сæйраг стратегион   рардтæ сæххæст кæнын,  кæцыты  нæ бæстæ фæбæрæг кодта,  цæрджыты барæвзарæй æмæ кæцытæ приоритетон сты растдæр нæ  хицауадæн. Ацы политикъæ, æнæкæсгæ  хицæн фидиуæнтæм, фидæны  дæр адарддæр кæндзыстæм», – райхъусын кодта Изориа.