«Левада-Центр» - августы хæстæй 10 азы сæрыл, Уæрæсейы æмбæстæгты 18 процент, Мæскуыйы агрессийы тыххæй никуы фехъуыстой
«Левада-Центр» - августы хæстæй 10 азы  сæрыл, Уæрæсейы  æмбæстæгты  18 процент, Мæскуыйы  агрессийы  тыххæй  никуы  фехъуыстой

Уæрæсейы  æмбæстæгты  18 процент,  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты  фæдыл  æппын ницы зонынц, 5 процент  та, уырнæг сты, цæмæй  конфликт райдыдта  Уæрæсе.   Уый фæдыл  Уæрæсейы  æрдгæй  Гуырдзыстоны   ныхмæ  сæххæст  агрессийæ 10 азы  сæрыл, уырыссаг «Левадацентры» уагъд иртасæны  мидæг дзырдæуы.

Рафарст æмбæстæгты  56 процент  хъусын кæнынц,  цæмæй  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты фæдыл  «цыдæртæ фехъусытой», фæлæ 18 процент  дзурынц цæмæй  хæсты тыххæй  ницы  зыдтой.

Рафарстмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы  æмбæстæгты  24 процент  хъуыды кæнынц,  цæмæй   2008 азы  Уæрæсейы  агрессий, АИШ-ы æмæ НАТО-йы  бæстæты аххос у, рафарст цæрджыты  фæндзæм хай  дзурынц, цæмæй  2008-æм азы хæсты, «алы фарс дæр æмбæрц аххосджын у»,  æрмæст 3 проценты, Уæрæсейы  æрдгæй  оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы   хицаугæнæг  режимты аххосджын кæнынц.

«Æппæт антигуырдзиаг  пропагандæ  арæзт уыдис  афтæ,  цæмæй   Уæрæсе йæ ныхмæ  цæуы  Гуырдзыстонæн нæ фæлæ,  АИШ-æн æмæ НАТО-æн, кæцытæ  лæууынц Саакашвилийы фæстæ», – райхъусын кодта  «Коммерсантимæ» интервьюйы  «Левада-Центры»  директор Лев Гудков.

«Левада-Центры»  рафарстмæ гæсгæйæ,   Уæрæсейы  æмбæстæгты  æртыккæгæм хай,   2008-æм азы хæсты, азымджын кæнынц Гуырдзыстоны.