«Лело»  парламентмæ  бацæуыныл  нæ разы кæны
«Лело» парламентмæ бацæуыныл нæ разы кæны

«Лело»  парламентмæ  бацæуыныл  дзуры  «нæ».  Уый фæдыл «Лелолйы»  лидер  Бадри Джапаридзе  абоны брифингыл   фехъусын кодта.

Бадри Джапаридзейы   дзырдæй,  «Лело»  зæгъгæ, ацæугæ æвзæрстыты легитимоныл нæ нымайы.

«Ацæугæ  æвзæрстытæ легитимоныл нæ  нымайæм,  уыдоны фæмæнг кодтой,  не  вдисынц  гуырдзиаг адæмы фæнд, уый тыххæй  дæр, «Лелойы» политикон совет абон фæтæрхон кодта  æмæ  рахаста  уынаффæ, ома «Лело»  нæ хъавы ацы парламентмæ  бацæуын,  уымæн æмæ  нæ хъавæм  æнæлегитимонæй  æвзæрст парламенты   легитимизаци.  Дарддæр кæнæм тох, цæмæй   Гуырдзыстоны  ацæувæ æцæгдæр  сæрибар æмæ   демократион  æвзæрстытæ, кæцыты  фæстиуджытæ æцæгдæр  æвдисдзысты  гуырдзиаг адæмы  фæнд», – банысан кодта Бадри Джапаридзе.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ «Лелойы» райгонд сты,  æндæр оппозицион партитæ дæр  сæ  позицийы æмхъуыды кæй  сты,  уымæй.