«Лейбористон Партийы» фæсивæндон   базыры  минæвæрттæ  Вакейы  зылды комиссийы рабадтмæ бацæуын  архайдтой, кæцы быцæудзинадмæ айрæзт
«Лейбористон Партийы» фæсивæндон базыры минæвæрттæ Вакейы зылды комиссийы рабадтмæ бацæуын архайдтой, кæцы быцæудзинадмæ айрæзт

Хъæлæба уыд   Важа  Пшавелайы  проспектыл, Вакейы  зылды  æвзарæнон комиссийы  бæстыхайы  цур,  кæцы  ранмæ  «Лейбористон партийы»  фæсивæдон   базыры   минæвæрттæ бацыдысты.   Уыдон зылды  комиссийы   рабадтмæ  бацæуын бацархайдтой,   кæцы  быцæудзинад расайдта.

Æрымбырдуæвджытæ  куыд  хъусын кæнынц  афтæмæй,     сæ  минæвæрттæ   рабадтмæ нæ бауагъдтой.

«Ам цæуы  зылды  комиссийы  рабадт.   Сабурталойы  зылды   комисси   нæ  минæвæрттæн нæ  дæтты фадат, цæмæй   мах фыст  хъастыты   кастыл уа.  Дуар  сыхгæдтой,  зылды  сæрдар  телефон нæ исы»  хъусын кæны «Лебористон Партийы» фæсивæдон базыры  сæрдар Михеил Кумсишвили.

Бынатыл  мобилизацигонд сты   патрулон пъæлицæй минæвæрттæ.