Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицимæ  хиуылхæцындзинадмæ  сиды
Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицимæ хиуылхæцындзинадмæ сиды

Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарс Ринкевичс  Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицимæ  хиуылхæцындзинадмæ  сиды.

Латвийы  æддагполитикон уагдоны  къухдариуæггæнæг йæ фидиуæн  социалон хызаг «Твиттеры» ахæлиу кодта.

«Лæмбынæг мæ цæст  дарын  Гуырдзыстоны, Тбилисы айтынггонд фæзындтæм, сидын хицауадмæ æмæ оппозицимæ,   равдисæт хиуылхæцындзинад, баиу уæт   политикон диалогмæ, цæмæй  аскуыддзаг уа  уæвæг политикон кризис» –  фыссы  Латвийы  фæсарæн хъуыддæгты министр.