Лаша Тъалахадзе – бацархайдзынæн, Мæскуыйы  Европæйы  Чемпионатыл Гуырдзыстоны гимн  айзæлын кæнын
Лаша Тъалахадзе – бацархайдзынæн, Мæскуыйы Европæйы Чемпионатыл Гуырдзыстоны гимн айзæлын кæнын

Гуырдзиаг  спортсменты  сæйраг   нысан у  фæуæлахиз уын  æмæ  тох  кæнæм, цæмæй  бæстæйы ном  скадджын кæнæм, – уый  фæдыл   атлетикæйæ   Дунейы  чемпион  æмæ   рекордсмен  Лаша  Тъалахадзе  фехъусын кодта Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн.

Дунейы  Чемпион  дзуапп ратта   фæстаг периоды  гуырдзиаг спортсменты  æрдæм, сæ нымæцы  гуырдзиаг регбистты  æрдæм политикон  æмæ    æфхæрæн  куырдиæттæн.  Иуæй-иу ахæм куырдиат сарызта   «Лейбористон  Партийы»  лидер   Шалва Нателашвили.

Лаша Тъалахадзейы  дзырдæй,  зæгъгæ бацархайдзæн, Мæскуыйы  Европæйы  Чемпионатыл фæуæлахиз  уын.  Лаша Тъалахадзе  афтæдæр   æнтыстытæ   ракуывдта   гуырдзиаг регбисттæн, кæцытæ  фæдылдзог матчтæ  Бельгийы æмæ Уæрæсейы   æмбырдгæндтимæ  хъуамæ  ахъазой.

«Мах политикæйæ  тынг  дард  стæм.   Нæ  сæйраг нысан у  фæуæлахиз уын  æмæ тох  кæнæм, цæмæй  бæстæйы ном  скадджын кæнæм æнтыстæй  æмæ уæлахиздзинадæй.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  спорт Гуырдзыстоны  тынг   бæрзонд  æмвæзадыл лæууы  æмæ   алкæмæн мæ  фæнды   зæгъын,  цæмæй  спортсментæй  алкæцы дæр  тох кæны   æрмæстдæр  уæлахиздзинады  тыххæй æмæ Гуырдзыстоны ном фæсарæнты  скадджын кæнынæн.  Рамбулæм, цæмæй   нæ  бæстæйы  гимн  айзæлын кæнæм  Дунейы  æндæр æмæ æндæр рæтты.

Фæнды мæ æнтыстытæ  ракувын  гуырдзиаг регбисттæн, кæцытæ фембæлдзысты  Бельгиимæ æмæ   стæй  Уæрæсейы   æмбырдгондимæ.   Уырнæг дæн,  фæуæлахиз уыдзысты.

Афтæдæр,  махæн  ацы  аз  уыдзæн Европæйы  Чемпионат  Мæскуыйы, кæцыйы  хайад райсдзыстæм.  Бацархайдзынæн  Гуырдзыстоны гимн  айзæлын кæнын  Мæскуыйы æмæ  вæццæгæн,  уый  уыдзæн мæ дзуапп  алы  уыцы  адæймагæн,  кæмæндæриддæр  йæ  зæрдæ  хсайы   нæ  патриотизммæ. Æнтыстытæ  гуырдзиаг регбисттæн. Æнæмæнгæй   фæуæлахиз уыдзыстæм», – райхъусын кодта Лаша Тъалахадзе.