Куыд ццыдысты фæзындтæ Гурджааны, «Националон Змæлды» акцийыл [фото,видео]

Гурджааны, Велисцихейы цур  уавæр сæумæрайсомæй  цалдæр хатт фæкарз ис.  «Националон Змæлды»   акцийы  хайадисджытæ,  барадхъахъъхæнджытæ цы фæндаг æрыхгæдтой  уый  бакæнын  æмæ  Телавы æрдæм ацæуын   хъавыдысты.  Полици  сын альтернативон  фæндаг ХЪуарелы  уылыты цалдæр хатт   банхъардта кæцыйимæ   митинггæнджытæ не сразы сты.

Барадхъахъъхæнджыты æмæ   «Националон Змæлды»  уæнгты æхсæн   быцæудзинад  цалдæр хатт æрцыд.  Акцийы  хайадисджытæ   полицийы  кордон   автомобилтæй  атонын  бацархайдтой.  Афтæдæр  полицийы  автобусы  афæлдахын.  Митинггæнджыты хай, полиццйы  атвобустыл  дурты æхсын райдыдта.

Акцийы проблемæтæ сырæзт  журналисттæн дæр.  Сæрмагондæй та  митинггæнджытæ  кусын фадат нæ дæттой  телекомпани «Имедийы»  исæг къордæн.