Кутаисы  сноггонд  æхсæнадæмон аэропорт официалонæй байгом ис
Кутаисы сноггонд æхсæнадæмон аэропорт официалонæй байгом ис

Кутаисы  сноггонд  æхсæнадæмон аэропорт официалонæй байгом ис.

Аэропорты  байгомы церемонийы  хайад райстой  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили,  рагионалон рæзынады  æмæ инфраструктурæйы  министр  Ираклий Карселадзе æмæ бынæтон  хицауады  минæвæрттæ.

Фæцис Кутаисы  сноггонд  æхсæнадæмон  аэропорты  мид интерьеры  арызт, баиу ис  зæронд æмæ  ног  терминалтæ.

Куыд банысан ис, афтæмæй, дыууæдæр терминалы  баиу кæныны  фæстиуагæн Кутаисы  аэропортæн  уыдзæн иу  терминал,  æртæхыны   æмæ атæхыны  залтимæ æмæ   алцы  ифтонгггæрзтимæ  кæцы йæ æнæкуылымпыйæ  куыстæн хъæуы.

Ныры онг зæронд терминал 600 мин бæлццонæн лæггад кæнын хъом  куы уыдис,  уæд  ныр  ног терминалы фæрцы  ацы  нымæц  схызстис 2 æмæ æрдæг милуаны онг.

Кутаисы  аэропорты регистрацион    бынæтты нымæц  10-æй  18-ы онг  фæфылдæр ис, уырдгæй дыууæ сты  а.х.  baggage drop off-тæ, кæцыйæ бæлццæттæ  регистраци онлайн   режимы ацæудзысты, æмæ сæ  багаж та  сæхæдæг ратдзысты.

Уымæй уæлдай ма  официалон бæрæггæнæнтæй, коммерцион фæзуатты нымæц  зæронд терминалы 200 кв метры бæрц  куы уыд,  уæд  ног терминалы  ацы  фæзуат ахсдзæн  2000 кв метры.

Ранæуæггонд  терминалы арызт у  цъæх  уæлхæдзар  æмæ  цъæх террасæ. Аэропортæн ис авд  рацæуæн,  (Gate-æй цы  хонынц)  æмæ сахаты мидæг  1 200-йæ фылдæр бæлццоны   æнæкуылымпыйæ  ауадзыны фадат уыдзæн.

Ног терминалы арæзтад  2017 азы  ноябры райдыдта. Официалон бæрæггæнæнтæй,   терминалы  ауæрæх/срæвдз кæнын  сбаддис 35  млн АИШ доллары (110 млн лари).

Аэропорты ауæрæх кæнын проектыл  куыстуат уыдис 500йæ фылдæр адæймагæн, æрмæст проекты  баст уыд 100-йæ фылдæр  акæнæг  гуырдзиаг  æмæ фæсарæйнаг компани.