Кутаисы  олимпион стандарты бассейны  арæзтад райдыдта
Кутаисы олимпион стандарты бассейны арæзтад райдыдта

Арæзтад  райдаыны  церемонийы  хзайад райстой премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министр, Ираклий Карселадзе æмæ Азийы  рæзынады банкы иудадзыг  минæварады  директор  Гуырдзыстоны Шеин Розенталь.

Проектмæ гæсгæйæ,   арызт æрцæудзæн   олимпион стандарты æхгæд бассейн, кæцы дæргъ уыдзæн 50 метры, йæ фæтæн  та  25  метр.  Ног бассейнæй  пайда кæнын  сæ бон уыдзæн  æндæр æмæ æндæр кары  уарзæг спортсментæ, афтæ  спортивон балтæ   доны  спорты  хуызты.  Бассейны компексы  афтæдæр уыдзæн   чысыл бассейнтæ,  фæлтæрæнон залтæ, 600-ы онг  кæсæгæн трибунæтæ  æмæ  хæрæндæттæ, афтæдæр  тыгъдадтæ  спортивон  инвентары дуканитæн.

Спорткомплексы æддæ  территорийыл арызт уыдзæн 150-йæ  фылдæр рог хæдтулгæйыл   æмæ  6 автобусыл нымад   лæууæн бынат (паркинг).  Бассейны инфраструктурæ адаптацигонд уыдзæн   амалхъомдзинад  цух уæнгтæн.

Кутаисы бассейнæй  дарддæр  спорткомплексы арытда райдыдта   ноджы æртæ горæты –  Руставы, Зугдиды æмæ  Ахалцихейы.  Алы  спорткомплексы арæзтад  цæуы Азийы  Рæзынады Банкы æххуысæй.

Проекты  аргъ у аст милуан  300  мин лари.  Арæзтад  фидæн азы  хъуамæ фæуа.